Хъахъхъæдтой фæтк, тох кодтой вирусимæ: Хуссар Иры МСНК æрдзырдой азы фæстиуджытыл

© Пресс-служба президента РЮОМСНК
МСНК - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрæджы ма оперативон-службæйон архайдæн фæстиуджытæ сарæзтой республикæйы районты æмæ столицæйы мидхъуыддæгты хайæдтæ дæр

ЦХИНВАЛ, 28 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады Милицийы Сæрмагонд Нысаниуæджы къорд (МСНК) сарæзта афæдзы дæргъы бакæнгæ куыстæн фæстиуджытæ, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.

"Азы дæргъы МСНК инженерон-техникон хайады кусджытæ сарæзтой 200 онг акты инженерон-саперон разысгæрсты фæдыл", - дзырдæуы МХМ хъусинаджы.

Уымæй дарддæр ма МСНК кусджытæ хайад истой массон мадзæлтты рæстæджы æхсæнадон фæтк æмæ æдасдзинад бахъахъхъæныны хъуыддаджы, афтæ макоронавирусы ныхмæ тохы дæр.

2019 азы дæлхайады хæстон машинæты парк æрцыд баххæстгонд, ныртæккæ дзы ис техникæйы дæсгай иуæгтæ. Уымæй дарддæр ма сын æрæджы радтой нырыккон бронеавтомобиль "Тигр"-тæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0