Хуссар Иры ПӔК радзырдтой ивгъуыд азы арæнхалджыты тыххæй

© Sputnik / Виталий ДенисовЦънелис
Цънелис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты радзырдтой Гуырдзыстонимæ арæныл бархалæн архæйдтыты тыххæй

ЦХИНВАЛ, 29 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны хицæн æмæ хицæн фадгуытыл 2020 азы дæргъы æрурæдтой 423 фæткхалæджы. Уый тыххæй дзырдæуы Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты оперативон-службæйон архайды фæдыл хыгъдлæвæрды.

"Уыдонæй 184 фæлвæрдтой Паддзахадон арæны сæрты æнæзаконæй æрбахизын, 227 - арæнгæрон зонæйы æнæзаконæй уæвынады тыххæй, 12 - ХУссар Ир æмæ Уæрæсейы Арæнхъахъхъæнджыты законон домæнтæм нæ хъусыны тыххæй", - дзырдæуы уагдоны пресс-службæйы хъусинаджы.

Уый фæстиуæгæн 276 адæймаджы æрцыдысты ивар, 12 - административон æгъдауæй феддæдуар кодтой республикæйæ, 55 адæймаджы та бафæдзæхстой карзæй фæткхæлдтытæ ма æруадзыны тыххæй.

МСНК - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъахъхъæдтой фæтк, тох кодтой вирусимæ: Хуссар Иры МСНК æрдзырдой азы фæстиуджытыл

"Оперативон-сгарæн мадзæлтты фæлгæтты ма арæнхъахъхъæнæн органтæ ссардтой алыгъуызон хæцæнгарз æмæ нæмгуыты æвæрæнтæ. Афтæ ма рабæрæг кодтой дыууæ бафæлвæрды наркотикон буарадтæ апарахат кæныны тыххæй", - фехъусын кодтой ПӔК.

Афтæ ма ПӔК кусджытæ аиуварс кодтой контрабандон архайды 12 цауы, уый фæстиуæгæн байстæуыд дыууæ милуан сомæй фылдæры аргъ предметтæ. Бакондæуыд 11 уголовон хъуыддаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0