Хуссар Иры парламенты сесси президенты хайадистӕй ногӕй нӕ ацыд

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы къуыри парламент ӕртӕ хатт расидт сессийы рабадт, фӕлӕ иу нӕ ацыд кворум кӕй нӕ ӕрӕмбырд, уый тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 29 янв – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты майрӕмбоны ногӕй нӕ ацыд сесси. Рабадтмӕ та нӕ ӕрбацыд депутатон къорды хай.

Хуссар Ирыстоны парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламенты æнæрадон сесси аргъæвтой æбæрæг рæстæгмæ

Майрӕмбоны парламент ӕртыккаг хатт ацы къуыри фӕнд кодта ауадзын сесси. Боны фӕткмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕнадон-политикон уавӕрӕй дарддӕр бахастой ноджы аст фарсты, сӕ нымӕцы 2021 азмӕ паддзахадон бюджеты законы проект.

Хуссар Иры æхсæнады уавæр скарз ис, Цхинвалы цæрæг Дзабиты Инал криминалон милицийы бафарсты рæстæджы нады фæстиуæгæн куы фæмард 28 августы, уый фæстæ.

Уый фӕстӕ оппозицион депутатты иу къорд арвыста фыстæг Уæрæсейы вице-премьер Марат Хуснуллинмæ, цы ран фехъусын кодтой, РХИ æмæ УФ хицауадты хсæн контакттæ легитимон кæй не сты, уымæн æмæ премьер æмæ министрты кабинетæн сæ æххæстбарты æмгъуыд кæй ацыд 29 октябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0