ЦХИНВАЛ, 1 фев – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны кафт ӕмӕ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" исы ӕхсӕз аpы карӕй уӕлӕмӕ сывӕллӕтты. Фидӕны кафджытимӕ кусынц ансамблы солисттӕ Пӕррӕстаты Аланӕ ӕмӕ Коцты Григорий, фехъусын кодта Sputnik сфӕлыстадон коллективы директор Гаглойты Кристина.
Скъола суыдзӕн паддзахадон ансамблӕн кадртӕ цӕттӕ кӕныны фӕзуат.
"Цӕттӕгӕнӕн къорд кусы иу аз ӕмӕ рдӕг. Сентябрьмӕ ист цӕудзысты сывӕллӕты. Ныридӕгӕн цӕуынц репетицитӕ ӕртӕ хатты къуыри",- загъта директор
Уый ма бафтыдта, фидӕны скъола цӕттӕ кӕндзӕн канд кафджытӕ нӕ, фӕлӕ ма вокалисттӕ ӕмӕ музыканттӕ дӕр.
"Ӕввахс рӕстӕджы цӕттӕ кӕнӕн къорд скусдзӕн хорӕн дӕр, фӕстӕдӕры нывӕзты ис музыкалон инструменттыл цӕгъдын цайдагъ кӕнын рӕзгӕ фӕлтӕры",- бафтыдта уый
Сывӕллӕттӕн ахуыртӕ цӕуынц ансамблы бӕстыхайы, ӕнӕарӕгъӕй, 12 карӕй уӕлӕмӕ сывӕллӕтты ласы бынатмӕ сӕрмагонд транспор.
Хуссар Ирыстоны кафт ӕмӕ зарды паддзахадон ансамблӕн бындур ӕвӕрд ӕрцыд 1936 азы.
ЦХИНВАЛ, 2 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Иры сæндидзын кодтой электроифтонгад. Республикæ æнæ рухсæй баззад дыууæ сахаты бæрц цæгатирыстойнаг хайы электрохаххыл аварийы аххосæй.
"Нæ коллегатæ тагъд аиуварс кодтой электрохаххыл авари. Ныридæгæн Хуссар Ирыстонмæ электроэнерги цæуы хуымæтæг режимы", - загътой Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы.
Хуссар Ирыстонмæ электроэнерги цæуы Уæрæсейæ электрохахх "Зæрæмæг — Цæгаттаг портал — Дзау"-ыл. Азы кæронмæ Хуссар Иры фæнд кæнынц саразын фæстауæрцон хахх.
ЦХИНВАЛ, 3 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ахицӕн рухс, йӕ аххосаг у авари электрондыхы хаххы цӕгатирыстойнаг фарсыл, фехъусын кодта "Энергоресурсы" сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Алан.
"Рухс ахицӕн аварион уавӕры тыххӕй цӕгатирыстойнаг фарсыл. Цӕгатирыстойнаг энергетиктӕ бадзырдтой махмӕ ӕмӕ фехъусын кодтой, 110 кВт хаххыл, кӕцыйы уылты республикӕ исы электроэнерги, фӕзынд аварион уавӕр", - загъта Гӕбӕраты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, проблемӕ хъуамӕ аиуварс кӕной иу сахатмӕ.