Цхинвалы ногӕй регистраци кӕндзысты цӕрӕнуатмӕ рады лӕууӕг адӕмы

CC BY-SA 2.0 / pixabay / claudemangen / Цхинвалы ногӕй регистраци кӕндзысты цӕрӕнуатмӕ рады лӕууӕг адӕмы
Цхинвалы ногӕй регистраци кӕндзысты цӕрӕнуатмӕ рады лӕууӕг адӕмы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.02.2021
Рафыссын
Цӕрӕнуатон уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнын кӕмӕн хъӕуы, уыцы хыгъды абоны бон сты дыууӕ мин бинонтӕй фылдӕр

ЦХИНВАЛ, 3 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы ногӕй регистраци кӕндзысты ӕмбӕстӕгты, кӕцытӕ лӕууынц рады цӕрӕнуатмӕ, фехъусын кодтой горӕты администрацийы пресс-службӕйы.

"Документтӕ райдайдзысты исын къуырисӕры, 8 февралы. Рады лӕууӕг адӕм хъуамӕ сног кӕной сӕ документтӕ 2021 азы 1 майы онг", - дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.

Администрацийы бафтыдтой, абоны бон хыгъды кӕй сты дыууӕ мин бинонтӕй фылдӕр.

Ногӕй регистраци ацӕуынӕн хъӕуы бадзурын Цхинвалы администрацийы приватизаци, хыгъд ӕмӕ цӕрӕнуат байуарыны хайадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0