Хуссар Иры парламент ногӕй нӕ ӕрӕмбырд сессимӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.02.2021
Рафыссын
Сессийы боны фӕткмӕ ӕндӕр фарстытӕй дарддӕр ӕвдӕм хатт бахастой республикӕйы паддзахадон бюджеты законы проект

ЦХИНВАЛ, 3 фев – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты сесси ногӕй нӕ ацыд кворум кӕй нӕ ӕрӕмбырд, уый тыххӕй. Рабадтыл радон хатт хъуамӕ ӕркастаиккой 2021 азы республикӕйы бюджетмӕ, пенсион фонды бюджетмӕ, афтӕ ма ивындзинӕдтӕм Конституцимӕ, кӕцытӕ хауынц генералон прокуроры отставкӕмӕ.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.01.2021
Хуссар Иры парламенты сесси президенты хайадистӕй ногӕй нӕ ацыд

Сесси кӕй нӕ ацӕудзӕн, уый тыххӕй фехъусын кодта фыццаг вице-спикер Гасситы Петр.

"Парламенты сесси радон хатт нӕ ацыд. Ахсджиаг законтӕ нӕ райстам. Оппозицион депутатты къорд не спайда кодта радон фадатӕй, цӕмӕй фӕивой уавӕр республикӕйы", - загъта Гасситты Петр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы архӕйдтыты фӕстиуджытӕм барадон аргъ скӕндзысты.

"Афтӕ дарддӕр нал ис гӕнӕн. Ӕввахс къуыри кӕнӕ дӕс боны мах райсдзыстӕм мадзӕлттӕ, цӕмӕй рахизӕм ацы уавӕрӕй", - бахахх кодта Гасситы Петр.

Хуссар Иры æхсæнады уавæр скарз ис, Цхинвалы цæрæг Дзабиты Инал криминалон милицийы бафарсты рæстæджы нады фæстиуæгæн куы фæмард 28 августы, уый фæстæ.

Фӕстӕдӕр оппозицион депутатты иу къорд арвыста фыстæг Уæрæсейы вице-премьер Марат Хуснуллинмæ, цы ран фехъусын кодтой, РХИ æмæ УФ хицауадты хсæн контакттæ легитимон кæй не сты, уымæн æмæ премьер æмæ министрты кабинетæн сæ æххæстбарты æмгъуыд кæй ацыд 29 октябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0