ЦХИНВАЛ, 4 фев - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны йӕ цардӕй ахицӕн Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ветеран Ӕлборты Евгения, фехъусын кодтой Sputnik Ветеранты советы.
Ветеранӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъыны бынат ӕмӕ рӕстӕг нырма нӕ фехъусын кодтой.
Ӕлборты Евгения райгуырд 1920 азы 15 апрелы. Хӕст куы райдыдта, уӕд Евгения цард ССРЦ Пермы крайы. Уырдӕм уый ацыд йе ‘мкъай, ӕфсӕддон Коцты Аршакимӕ. Уый фӕстӕ йе ‘мкъай ацыд фронтмӕ, Евгения та ӕрыздӕхт Цхинвалмӕ ӕмӕ куыста эвакуацион госпиталы.
Йӕ ӕрвылбонон архайдӕй Ӕлборты Евгения сфидар кодта иузӕрдыгдзинад йӕ куыстмӕ.
ЦХИНВАЛ, 2 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Иры сæндидзын кодтой электроифтонгад. Республикæ æнæ рухсæй баззад дыууæ сахаты бæрц цæгатирыстойнаг хайы электрохаххыл аварийы аххосæй.
"Нæ коллегатæ тагъд аиуварс кодтой электрохаххыл авари. Ныридæгæн Хуссар Ирыстонмæ электроэнерги цæуы хуымæтæг режимы", - загътой Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы.
Хуссар Ирыстонмæ электроэнерги цæуы Уæрæсейæ электрохахх "Зæрæмæг — Цæгаттаг портал — Дзау"-ыл. Азы кæронмæ Хуссар Иры фæнд кæнынц саразын фæстауæрцон хахх.
ЦХИНВАЛ, 3 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ахицӕн рухс, йӕ аххосаг у авари электрондыхы хаххы цӕгатирыстойнаг фарсыл, фехъусын кодта "Энергоресурсы" сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Алан.
"Рухс ахицӕн аварион уавӕры тыххӕй цӕгатирыстойнаг фарсыл. Цӕгатирыстойнаг энергетиктӕ бадзырдтой махмӕ ӕмӕ фехъусын кодтой, 110 кВт хаххыл, кӕцыйы уылты республикӕ исы электроэнерги, фӕзынд аварион уавӕр", - загъта Гӕбӕраты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, проблемӕ хъуамӕ аиуварс кӕной иу сахатмӕ.