Бибылты Анатолий тӕрхондоны системӕйы кусджытӕн: сымах хъахъхъӕнут конституцион бартӕ

© Depositphotos.com / JanPietruszkaБибылты Анатолий тӕрхондоны системӕйы кусджытӕн: сымах хъахъхъӕнут конституцион бартӕ
Бибылты Анатолий тӕрхондоны системӕйы кусджытӕн: сымах хъахъхъӕнут конституцион бартӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.02.2021
Рафыссын
Цыппӕрӕмы тӕрхондоны системӕйы кусджытӕ нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон, ацы боны фӕдыл сын раарфӕ кодта президент Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 11 фев — Sputnik. Рӕсттӕрхоны системӕйы архайд баст у тӕрхондӕтты кусджыты профессионализм ӕмӕ службӕйон хӕслӕвӕрдтӕ цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕнынимӕ, дзырдӕуы Бибылты Анатолийы арфӕйы тексты республикӕйы тӕрхондоны системӕйы кусджытӕн.

Паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Бибылты Анатолий хорз саргъ кодта тӕрхонгӕнджыты куыстӕн.

"Сымах хъуамӕ хъахъхъӕнат Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты конституцион бартӕ. Тӕрхондоны системӕйы ӕнтыстджын архайдимӕ баст у паддзахады авторитет", - дзырдӕуы арфӕйы тексты.

Президент хицӕн бузныг загъта тӕрхондоны системӕйы ветерантӕн, кӕцытӕ стыр хайбавӕрд бахастой Республикӕ Хуссар Ирыстоны барадон базӕйы арӕзтадмӕ. Бибылты Анатолий фидарӕй загъта, тӕрхондоны системӕйы кусджыты ныры фӕлтӕр дӕр кӕй архайдзысты Законмӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0