ЦХИНВАЛ, 12 фев— Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны хӕрзаудӕн фонд "Мах ныфс"-ы минӕвӕрттӕ сарӕзтой хӕрзаудӕн акци Цхинвалы районы, сӕ хъусдарды бын бахаудтой районы иунӕг карджын цӕрджытӕ, фехъусын кодта йӕ фарсыл Фейсбукы фонды разамонӕг Гаглойты Таира.
Уазджытӕ бахастой ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хӕлцад ӕмӕ сыгъдӕгдзинады ӕрмӕг.
"Хӕрзаудӕн фонды минӕвӕрттӕ бабӕрӕг кодтой Цхинвалы районы иунӕг адӕмы. Райстой нӕ хъарм, ӕнӕниздзинад ӕмӕ фӕрныгады арфӕтимӕ", - ныффыста уый.
Йӕ хъусинагӕй ма бӕрӕг у, хӕрзаудӕн мадзӕлттӕ фӕнд кӕнынц адарддӕр кӕнын аннӕ районты дӕр.
"Кӕд искӕмӕ ис баххуысы фадӕттӕ, уӕд бамбал уӕт. Разӕй нырма ис ӕртӕ районы", - бафтыдта уый.
ЦХИНВАЛ, 3 мар– Sputnik, Плиты Фатимæ. Мæскуыйы Яблочкины номыл актёры централон хӕдзар суазӕг кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры. Республикӕйы сфӕлдыстадон къорд уӕрӕсейаг столицӕйы равдисдзӕн спектакльтӕ "Антигона" ӕмӕ "Фандо и Лис", фехъусын кодта Sputnik ПДТ аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.
Сфӕлдыстадон коллектив развӕлгъау райста хуынд "Дни осетинский культуры на Арбате"-мӕ.
"Яблочкины номыл актеры централон хӕдзар хоны Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры "Дни осетинской культуры на Арбате"-мӕ. Мах равдисдзыстӕм дыууӕ спектаклы, афтӕ ма нын ацӕудзӕн Мӕскуыйы театр ӕмӕ кинойы разагъта актертимӕ иумӕйаг сфӕлдыстадон изӕр. Мах цӕттӕ сӕм Уӕрӕсейы сӕйраг горӕты ралӕуынмӕ", - загъта Дзудцаты Тамерлан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сфӕлдыстадон коллективы ралӕуд Мӕскуыйы фӕахъаз уыдзӕн ирон культурӕйы парахатӕн Уӕрӕсейы.
Хетӕгкаты Къостайы номыл театры гастрольтӕ цӕудзысты Мӕскуыйы 5-8 апрелы.
ЦХИНВАЛ, 2 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Иры сæндидзын кодтой электроифтонгад. Республикæ æнæ рухсæй баззад дыууæ сахаты бæрц цæгатирыстойнаг хайы электрохаххыл аварийы аххосæй.
"Нæ коллегатæ тагъд аиуварс кодтой электрохаххыл авари. Ныридæгæн Хуссар Ирыстонмæ электроэнерги цæуы хуымæтæг режимы", - загътой Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы.
Хуссар Ирыстонмæ электроэнерги цæуы Уæрæсейæ электрохахх "Зæрæмæг — Цæгаттаг портал — Дзау"-ыл. Азы кæронмæ Хуссар Иры фæнд кæнынц саразын фæстауæрцон хахх.