Хуссар Иры парламентмӕ ӕрбацыдысты адӕм, уыдон домынц сесси ауадзын ӕмӕ бюджет райсын

© Sputnik / Дзерасса ТеховаХуссар Иры парламент
Хуссар Иры парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.02.2021
Рафыссын
Парламенты залы ӕрӕмбырд сты цалдӕр сӕдӕ адӕймаджы. Трибунӕйӕ уыдонмӕ ӕрсидтысты ӕххӕстгӕнӕн хицауады минӕвӕрттӕ, раныхас кодтой оппозицион депутатты архайдимӕ разы чи не сты, уыдон сӕхӕдӕг дӕр

ЦХИНВАЛ, 12 фев - Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны парламенты залмӕ ӕрӕмбырдуӕвӕг адӕм домынц ауадзын сесси ӕмӕ райсын ацы азы бюджет.

Хуссар Иры ногӕй нӕ ацыд парламенты сесси - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.02.2021
Хуссар Иры депутаттӕ та нӕ ӕрымбырд сты парламенты сессимӕ

Майрӕмбоны та депутатты иу къорд - 14 адӕймаджы - не рбацыдысты сессимӕ, уымӕ гӕсгӕ не 'рымбырд 23-йӕ конд кворум.

Зал нымад у 200 адӕймагыл, сӕрибар бынӕттӕ дзы нал ис, адӕм лӕууынц бахизӕнты ӕмӕ коридоры дӕр. Трибунӕйӕ уыдонмӕ ӕрсидтысты ӕххӕстгӕнӕн хицауады минӕвӕрттӕ.

Парламенты президенты минӕвар Куымӕридтаты Аннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, "бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы инициативӕтӕ, кӕцытӕ сты здӕх цӕрджыты социалон уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнынмӕ, ист нӕ цӕуынц сесситы фехӕлды тыххӕй".

Хуссар Иры Пенсион фонды минӕвар Тедеты Олеся дӕр радзырдта трибунӕйӕ, февралӕй фӕстӕмӕ кӕй ӕруромдзысты фондз минӕй фылдӕр пенсиисӕджы фиддонтӕ.

"Йӕ аххосаг - парламентаритӕ кӕй не сфидар кодтой 2021 азӕн Пенсион фонды бюджен", - загъта уый.

Ӕрӕмбырдуӕвджыты раз ма ралӕууыд финансты министра х.ӕ. Хӕбӕлаты Аза ӕмӕ радзырдта, бюджет ист куыннӕ ӕрцӕуа, уӕд уымӕн цы фӕстиуджтӕ уыдзӕн, уыдӕтты тыххӕй.

Хуссар Иры æхсæнады уавæр скарз ис, Цхинвалы цæрæг Дзабиты Инал криминалон милицийы бафарсты рæстæджы нады фæстиуæгæн куы фæмард 28 августы, уый фæстæ.

Фӕстӕдӕр оппозицион депутатты иу къорд арвыста фыстæг Уæрæсейы вице-премьер Марат Хуснуллинмæ, цы ран фехъусын кодтой, РХИ æмæ УФ хицауадты хсæн контакттæ легитимон кæй не сты, уымæн æмæ премьер æмæ министрты кабинетæн сæ æххæстбарты æмгъуыд кæй ацыд 29 октябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0