Ахуырады министрад балхæдта сӕрмагонд техникӕ Цхинвалы сабидæттæй иуæн

Проектор - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.02.2021
Рафыссын
Республикæйы сæйраг горæты дыккӕгæм сабидоны зал цӕуы цалцӕг, æмæ уый фӕстӕ сывӕллӕттæн фӕзындзӕн фадат бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ хуыздӕр ӕрвитынæн

ЦХИНВАЛ, 15 фев— Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ахуырады министрад самал кодта Цхинвалы сабидӕттӕй иуӕн проектон ӕмӕ акустикон системӕйы ӕххӕст комплект. Ног ифтонгады хицау бацис сабидон "Золотой ключик", уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта министрады кусӕг Тедеты Алена.

Уымӕй размӕ ма министрад самал кодта ифтонгад Сывӕллӕтты сфӕлыстадон галуан ӕмӕ Аивӕдты лицейӕн.

"Ног ифтонгады комплекты ис проектор экранимӕ ӕмӕ ноутбукимӕ, акустикон колонкæтӕ, ӕнӕхӕтӕлон микрофонтӕ ӕмӕ микшерон пульт", - загъта уый.

Министрады минæвары ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн сабидоны цӕуынц цалцӕггӕнӕн куыстытӕ.

Ахуырады министрад дыууӕ уагдонӕн балхӕдта ифтонгад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.02.2021
Ахуырады министрад дыууӕ уагдонӕн балхӕдта ифтонгад

"Республикæйы сæйраг горæты дыккӕгæм сабидоны зал цӕуы цалцӕг, æмæ уый фӕстӕ сывӕллӕттæн фӕзындзӕн фадат бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ хуыздӕр ӕрвитынæн", - бафтыдта уый.

Дыккӕгӕм сабидон "Золотой ключик" ис Цхинвалы Джиоты Аланы проспектыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0