"Югосетпотребнадзор" фехъусын кодта коронавирусæй ног рынчынты тыххæй

© REUTERS / AMMAR AWADКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.02.2021
Рафыссын
Фæстаг суткæ медикты хъусдардæй ссæрибар кодтой авд адæймаджы, æдæппæтæй та пандемийы райдианæй 2 112 адæймаджы

ЦХИНВАЛ, 17 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткæ рабæрæг кодтой фараст ног рынчыны коронавирусæй, фехъусын кодта Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы хистæры хæдивæг Гаглойты Анна.

"Фæстаг суткæ сарæзтой 136 басгæрсты, коронавирус сбæлвырд кодтой фараст адæймагæн", - загъта уый.

Уый ма бафтыдта, фæстаг суткæ медикты хъусдардæй кæй ссæрибар кодтой авд адæймаджы, æдæппæтæй та пандемийы райдианæй фæстæмæ 2 112 пациенты. Стационарон æмæ амбулаторон уавæрты дарддæр хос кæнынц 872 рынчыны коронавирусæй.

Пандемийы рæстæджы Хуссар Иры сарæзтой COVID-19 рафæлгъауыны тыхæй 17 594 тесты, уыдонæй æвæрццаг бæрæггæнæнтæ равдыстой 2 984.

Ног хабӕртты лентӕ
0