Хуссар Иры расидтысты конкурс Агния Бартойы 115-азон юбилеймӕ

© Sputnik / Шариков /  Ахизын медиабанкмæПоэтесса Агния Барто
Поэтесса Агния Барто - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.02.2021
Рафыссын
Конкурсы хайад райсынмӕ хонынц скъолаагъоммӕ кары сабиты - выдон хъуамӕ саразой видеоӕрмӕг фыссӕджы ӕмдзӕвгӕтӕй иу кӕсгӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 19 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны расидтысты сфӕлдыстадон конкурс скъолаагъоммӕ кары сабитӕн "Стихи, которые любят с детства!", кӕцы нывонд у Агния Бартойы юбилейӕн. Мадзалы организатортӕ сты Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты координацион совет ӕмӕ сывӕллӕтты республикон библиотекӕ Россотрудничествойы ӕххуысӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны Зонад ӕмӕ культурӕйы уӕрӕсейаг центры (ЗКУЦ) пресс-служба.

17 февралы уӕрӕсейаг советон сывӕллӕтты поэтессӕйы райгуырдыл сӕххӕст ис 115 азы.

"Мадзалы хайад райсыны тыххӕй хъӕуы ныффыссын видеоролик, цы ран сывӕллон хъуамӕ бакӕса Агния Бартойы ӕмдзӕвгӕтӕй иу. Стӕй уый хъӕуы арвитын электронон почтӕмӕ ахӕм адресыл: kotaeva_71@mail.ru, науӕд та йӕ 17 марты онг бахӕссын ЗКУЦ офисмӕ, кӕцы ис  Плиты Иссӕйы уынгыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Сабитӕн сӕхи бон у равзврын ӕмдзӕвгӕтӕ, бафтыдтой организатортӕ. Конкурсы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг домӕнтӕй иу у, цӕмӕй ролик цӕуа ӕртӕ минуты онг, ориентаци - горизонталон. Хайадисӕг хъуамӕ зӕгъа й ном ӕмӕ мыггаг, афтӕ ма цы ӕмдзӕвгӕ кӕсы, уый ном дӕр.

Видеороликы кӕронбӕттӕнон вариан хъӕуы смонтаж кӕнын форматты AVI, MOV, MPEG, МP4.

Ног хабӕртты лентӕ
0