УУМ Транскамы уавӕры тыххӕй: бырынцъаг фӕндаг ӕмӕ чысыл митуард

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.02.2021
Рафыссын
Уагдоны радзырдтой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн иунӕг фӕндаджы уавӕры тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 24 фев – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Транскавказаг автомагистралы ранӕй-рӕтты ис бырынцъаг фӕндаг ӕмӕ дзы уары чысыл мит, фӕлӕ трассӕ кусы хуымӕтӕг режимы, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайады.

"Фӕндаг ис хорз уавӕры. Уары дзы чысыл мит. Фӕндаджы хуссайраг ӕмӕ цӕгаттаг фарсыл ис бырынцъаг фӕндаг, фӕлӕ зымӕгон "резинӕимӕ" шофыртӕн зындзинӕдтӕн нӕ уыдзӕн", - загътой УУМ.

Амӕйразмӕ хъусын кодтой, Транскавказаг автомагистраль 15 февралы кӕй сӕхгӕдтой тыхджын митуард ӕмӕ зӕйтӕ 'рцӕуыны тасы тыххӕй. Фӕндагон змӕлд бакодтой ивгъуыд цыппӕрӕмы фӕндаг куы асыгъдӕг кодтой митӕй, уӕд.

Транскавказаг автомагистраль - бӕрзондхӕххон иунӕг трассӕ, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндагыл арӕх фӕзынынц зындзинӕдтӕ митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй. Арӕх республикӕ фӕиппӕрд вӕййы ӕнӕхъӕн дунейӕ цалдӕр бонмӕ зӕйты ӕрцыды аххосӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0