Хуссар Иры президент бахӕс кодта бацӕттӕ кӕнын бадзырд Уӕрӕсеимӕ мыздты фӕфылдӕры фӕдыл

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры президент бахӕс кодта бацӕттӕ кӕнын бадзырд Уӕрӕсеимӕ мыздты фӕфылдӕры фӕдыл
Хуссар Иры президент бахӕс кодта бацӕттӕ кӕнын бадзырд Уӕрӕсеимӕ мыздты фӕфылдӕры фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.02.2021
Рафыссын
Мыздтӕ фӕфылдӕр уыдзысты бюджетон фадыджы кусджытӕн ӕмӕ паддзахадон службӕгӕнджытӕн

ЦХИНВАЛ, 26 февраля - Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий бахӕс кодта бацӕттӕ кӕнын Уӕрӕсеимӕ бадзырды проект бюджетон фадыджы кусджытӕн ӕмӕ паддзахадон службӕгӕнджытӕн мыздтӕ фӕфылдӕр кӕныны фӕдыл.

Бибылты Анатолийы пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.12.2020
Хуссар Иры мыздты фӕфылдӕр у парламентӕй аразгӕ - президент

Хӕслӕвӕрд здӕхт уыд хицауады сӕрдары х.ӕ. Бекъойты Геннадимӕ ӕмӕ финансты министры х.ӕ. Хӕбӕлаты Азамӕ хицауады рабадты рӕстӕджы майрӕмбоны.

"Процедурӕтӕ иууылдӕр фесты, ныр хъӕуы бакусын ӕмӕ бацӕттӕ кӕнын бадзырд бафыссынмӕ", - загъта Бибылты Анатолий.

Президенты ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕфылдӕргонд мыздтӕ бафиддзысты 2021 азы 1 январӕй фӕстӕмӕ. Паддзахады сӕргълӕууӕг нӕ банысан кодта, цас фӕфылдӕр уыдзысты мыздтӕ республикӕйы ацы аз.

Хуссар Ирыстоны мыздтӕ хъуамӕ фӕфылдӕр уой Хӕларад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырдмӕ гӕсгӕ. 2019 азы ацы бадзырды фӕлгӕтты республикӕйы фӕфылдӕр сты мыздтӕ бюджетникты кӕцыдӕр категоритӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0