Дзабиты Иналы бинонтӕ аскъуыддзаг кодтой ӕруромын сӕ акци Цхинвалы фӕзуатыл

© Sputnik / Natalia Airiyan Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз
Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.02.2021
Рафыссын
Барадхъахъхъӕнджыты ӕнӕзаконон архайды ныхмӕ, раст фӕдагуырд ӕмӕ генпрокуроры отставкӕйы фӕдыл протесты акци уагъд цыр цыппар мӕймӕ ӕввахс

ЦХИНВАЛ, 26 фев – Sputnik, Козаты Диана. Дзабиты Иналы бинонтӕ, кӕцытӕ фарон аз декабры рахызтысты протесты акцимӕ Цхинвалы центры, аскъуыддзаг кодтой ацӕуын фӕзуатӕй. Уый тыххӕй парламенты раз митингыл майрӕмбоны фехъусын кодта Дзабиты Иналы идӕдз Соттиты Оксана.

© Sputnik / Natalia Airiyan Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз
Дзабиты Иналы бинонтӕ аскъуыддзаг кодтой ӕруромын сӕ акци Цхинвалы фӕзуатыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.02.2021
Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз

Августы кӕрон криминалон милицийы бафарстыты фӕстӕ амард Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Инал. Уӕд столицӕйы ацыд митингтӕ, цы ран адӕм домдтой бафхӕрын азымджынты. Кризисы аххосӕй отставкӕйы ацыд хицауад, депутаты иу хай сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕныны куыст ӕрурӕдтой, цалынмӕ генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕной, уӕдмӕ.

"Фӕзуатӕй кӕй цӕуӕм, уый нӕ нысан кӕны, кӕй нал тох кӕндзыстӕм. Мах банхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм тӕрхонмӕ. Уыдоны фӕнды бадӕттын хъуыддаг тӕрхондонмӕ ӕнӕ ӕртыккаг экспертизӕйӕ, уый у законы фехӕлд. Уӕд тӕрхондон ногӕй арвитдзӕн хъуыддаг фӕдагуырдмӕ. Мах банхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм, ӕмӕ куы бахъӕуа, уӕд ногӕй рахиздзыстӕм", - загъта Sputnik Соттиты Оксана.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ ацыд, фыццаджыдӕр баст у Иналы мады ӕнӕниздзинадимӕ, кӕцы ныртӕккӕ ис рынчындоны.

Хуссар Ирыстоны парламенты бӕстыхайы раз майрӕмбоны ацыд митинг, цы ран хайад райстой парламенты депутаттӕ парти "Ныхас", Адӕмон парти ӕмӕ депутатон иугонд "За справедливость"-ӕй.

Митингы инициатортӕ банысан кодтой, абоны фембӕлды нысаниуӕг кӕй уыд ӕрдзурын протестон акци ӕруромыныл, цӕмӕй Дзабиты Иналы мад ӕмӕ идӕдз ацӕуой хӕдзармӕ ӕмӕ бавӕрой се ‘нӕниздзинад.

© Sputnik / Natalia Airiyan Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз
Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз  - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/5
Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз
© Sputnik / Natalia Airiyan Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз
Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз  - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/5
Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз
© Sputnik / Natalia Airiyan Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз
Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз  - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/5
Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз
© Sputnik / Natalia Airiyan Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз
Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз  - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/5
Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз
© Sputnik / Natalia Airiyan Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз
Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз  - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/5
Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз
1/5
Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз
2/5
Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз
3/5
Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз
4/5
Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз
5/5
Митинг Хуссар Ирыстоны парламенты раз
Ног хабӕртты лентӕ
0