Цхинвалы райдайдзӕн авд уынджы капиталон цалцӕг

© Sputnik / Алексей КовалевЦхинвалы райдайдзӕн авд уынджы капиталон цалцӕг
Цхинвалы райдайдзӕн авд уынджы капиталон цалцӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.03.2021
Рафыссын
Республикӕйы столицӕйы ныридӕгӕн раивтой зӕххы бын коммуникациты 70 проценты, ӕввахс рӕстӕджы куыстытӕ райдайдзысты ноджы авд уынгыл

ЦХИНВАЛ, 4 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕввахс рӕстӕджы ногӕй райдайдзӕн зӕронд коммуникацион хӕтӕлтӕ раивыны фӕдыл цалцӕггӕнӕн куыстытӕ, фехъусын кодта Sputnik арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министрады минӕвар Къацты Сослан.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.01.2021
Хуссар Иры арӕзтады министрады радзырдтой, кӕцы уынгтӕ сцалцӕг кӕндзысты 2021 азы

Республикӕйы ӕрвылаз Инвестпрограммӕйы хаххыл ивынц доны, канализацион ӕмӕ газы зӕронд хӕтӕлтӕ.

"Цхинвалы ацы аз нывӕндынц авд уынджы капиталон цалцӕг: Плехановы, Санахъоты Гришикы, Сабырады, Едысы ӕмӕ Саулохты Мухтары уынгтӕ. Афтӕ ма, сцалцӕг кӕндзысты Нарты уынджы алвӕндаг Плиты Ароны уынджы онг. Нырма раивдзысты зӕххы бын коммуникацитӕ, уый фӕстӕ та дзы сӕвӕрдзысты асфальт", - радзырдта Къацты Сослан.

Генералон нардуатон организацитӕ уыдзысты паддзахадон унитарон куыстуӕттӕ "Водоканал" ӕмӕ "Энергоресурс-Хуссар Ирыстон".

Амӕйразмӕ "Водоканал"-ы хъусын кодтой, республикӕйы столицӕйы ныридӕгӕн кӕй раивтой зӕххы бын коммуникациты 70 проценты.

Ног хабӕртты лентӕ
0