Сӕйраг санитарон дохтыр радзырдта коронавирусы уавӕры тыххӕй Хуссар Иры

© Sputnik / Наталья АйриянКоцты Марина
Коцты Марина - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.03.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 3118 фӕрынчынуӕвӕджы

ЦХИНВАЛ, 9 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд майрӕмбоны сбӕрӕг кодтой 22 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта фӕстаг тестты бӕрӕггӕнӕнтӕ Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

"Майрӕмбоны саӕзтӕуыд 106 иртӕсты, уыдонӕй 22 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта Sputnik Коцты Марина.

Уый бафтыдта, медикты хъусдарды бын стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл кӕй сты 503 адӕймаджы.

Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы сарӕзтӕуыд 18 851 тесты коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй COVID-19 сбӕрӕг кодтой 3118 пациентӕн. Коронавирусӕй сӕнӕниз сты 2613 адӕймаджы.

Республикӕйы январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0