Транскамыл æруарыд мит æмæ тас у зæйты æрцыдæй, фæлæ трассæ у гом - УУМ

© Пресс-служба МЧС РЮО Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.03.2021
Рафыссын
Уагдоны радзырдтой, цы уарæры иу Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн иунæг фæндаг митуарды фæстæ, уый тыххæй

ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik, Гæбæраты Элина. Транскавказаг автомагистралыл дысон æхсæвæй фæстæмæ уары мит, уый фæдыл сæвзæрд зæйты æрцыды тас, фæлæ фæндаг нырма кусы хуымæтæг режимы. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодтой Хуссар Иры УУМ радгæсон хайады.

Уæлвæткон министрады банысан кодтой, дысон æхсæвы Ручъы æфцæгыл кæй æруарын фондз сантиметры онг мит.

"Фæндагон бастдзинад нæ аскъуыд. Хæххон районты тас у зæйты æрцыдæй", - загътой уагдоны.

Мит уарын Хуссар Иры райдыдта 11 марты æхсæвы, синоптикты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, митуардтæ адарддæр уыдзысты улæфт бонты дæр.

Цæгат Ирыстоны хæхты æмæ хохрæбын районты дæр æввахс суткæйы уыдзæн митуардтæ.

Транскавказаг автомагистраль - бӕрзондхӕххон иунӕг трассӕ, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндагыл арӕх фӕзынынц зындзинӕдтӕ митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй. Арӕх республикӕ фӕиппӕрд вӕййы ӕнӕхъӕн дунейӕ цалдӕр бонмӕ зӕйты ӕрцыды аххосӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0