Гӕззаты Дауыт ацыд Хуссар Иры президенты уынаффӕгӕнӕджы бынатӕй

© Sputnik / Наталья АйриянГӕззаты Дауыт
Гӕззаты Дауыт  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.03.2021
Рафыссын
Раздӕры чиновник бон раздӕр фехъусын кодта социалон хызӕгты, кӕй ныффыста куырдиат йӕ бынатӕй йӕ ссӕрибар кӕныны фӕдыл. Майрӕмбоны президенты администрацийы банысан кодтой, кӕй сразы сты йӕ отставкӕимӕ

ЦХИНВАЛ, 12 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты паддзахадон уынаффӕгӕнӕг Гӕззаты Дауыт сӕрибар ӕрцыд йӕ бынатӕй, фехъусын кодтой Sputnik бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы администрацийы.

Раздӕры чиновник бон раздӕр фехъусын кодта социалон хызӕгты, кӕй ацыд Хуссар Иры президенты уынаффӕгӕнӕджы бынатӕй.

"Ныффыстон куырдиат ӕмӕ абонӕй фӕстӕмӕ ссӕрибар дӕн Хуссар Иры президенты паддзахадон уынаффӕгӕнӕджы бынатӕй. Хицӕн бузныг Бибылты Анатолийӕн йе 'ууӕнчы тыххӕй", - ныффыста Гӕззаты Дауыт Инстаграмы йӕ фарсыл.

 

Майрӕмбоны президенты администрацийы бафидар кодтой ацы информаци ӕмӕ фехъусын кодтой, йе ссӕрибар кӕныны фӕдыл барамынд кӕй бафыстӕуыд.

Гӕззаты Дауыт уынаффӕгӕнӕджы бынаты куыста цыппар азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0