ЦХИНВАЛ, 15 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны рæстдинонтæ къуырисæры бахызтысты Стыр Комдарæны. Марходарджыты æнцойуатæн Алайнаг епархи Хуыцаумæ скуывдтæ рахаста изæры фондз сахатмæ, радзырдта Sputnik динамонæг Иаков (Хетæгкаты).
Хуссар Иры цæрджыты фылдæр бæрц сты чырыстонтæ. 15 марты уыдонæн æрлæууы Стыр Комдарæн - 48 боны дæргъы рӕстдинонтӕ сæхи фæхизынц фыдызгъæл æмæ урсаджы хæлцадæй. Фӕлӕ сӕйраг чырыстонтӕн у сӕхи бахизын ӕвзӕр ныхас ӕмӕ фыдмийӕ, стӕй ма сӕ фырмонцтӕ басӕттын. Ацы рæстæг чырыстон диныл хӕст адӕмӕн у хатыр кæнын æмæ быхсыны рæстæг.
"Фæфылдæр кæнæм службæтæ, уыдон нывонд сты Стыр Комдарæнæн, сæ рæстæг сын афтæ сарæзтам, цæмæй-иу адæм уæдмæ сæ куыстытæй расæрибар уой. Ацы къуыри цыппæрæмы онг чырыстон аргъуанты цæуы Андрей Критскийы скуывдтæ, кæцыйæн йæ сæйраг нысæнттæ сты хатыр кæнын æмæ быхсын, цæмæй адæм сæ рæдыдтытыл ахъуыды кæной. Ком чи дары, уыдонæн æнæмæнхъæуæг у цæуын службæтæм", - загъта динамонæг.
Уый ма радзырдта, рæстдинонтæн Алайнаг епархийы динамонджытæ кæй æмбарын кæнынц Стыр Комдарæны фæтк æмæ лыстæгдзинæдтæ.
"Комдарæны дыккаг хай та у аходæн. Уымæ æгæр стыр хъусдард здахын нæ хъæуы, уымæн æмæ сæйраг у адæймагæн йæ уд уа сыгъдæг. Комдарæн алчидæр хæссы, йæ тыхы куыд ис, афтæ. Уый тыххæй хъæуы аныхас кæнын динамонджытимæ аргъуаны. Хуыцау нæ нæ домы, цæмæй удхар кæнæм, - бафтыдта фыд Иаков.
Стыр Комдарæн ахицæн уыдзæн майы райдæны Куадзæны, кæцы азы аз хауы 2 маймæ.
ЦХИНВАЛ, 19 апр - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны сӕндидзын кодтой электроифтонгад, фӕлӕ энергетикӕйы куджытӕ нырма дӕр кусынц аварийы аххосӕгтӕ аиуварс кӕныныл.
Хуссар Ирыстоны электроэнерги ахицӕн къуырисӕры ӕмбисбон электрохызӕгтыл аварийы тыххӕй.
"Энергетиктӕ ссардтой аварийы бынат ӕмӕ кусынц проблемӕ аиуварс кӕныныл, ӕввахс рӕстӕджы рухс нырма гӕнӕн ис ахицӕн уа цыбыр ӕмгъуыдмӕ", - радзырдта Sputnik "Энергоресурс"-ы генералон директоры хӕдивӕг Гӕбӕраты Анатолий.
Гендиректоры хӕдивӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы ӕввахс цалдӕр сахаты гӕнӕн ис хицӕн кӕна рухс цыбыр ӕмгъуыдмӕ.
ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд майрæмбоны рабæрæг кодтой фондз ног фæрынчынуæвæджы коронавирусæй, æрхаста тестыты бæрæггæнæнтæ санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина. Уый бамбарын кодта, улæфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы кæй нæ сарæзтой тесттæ, къуырисæры иртæстты тыххæй та фехъусын кæндзысты сом райсом.
"Майрæмбоны саразгæ 124 иртæстæй COVID-19 рабӕрӕг кодтой фондз адæймагæн", - загъта сæйраг санитарон дохтыр.
Коцты Марина бафтыдта, медицинон хыгъдӕй кӕй систой фараст адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 2 931 онг. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 361 адӕймаджы.
Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 21 396 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 292 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.
Ацы аз 11 апрелы паддзахадон радиостанц "Ир-ФМ"-ыл сæххæст 89 аз. Йæ сæргълæууæг Цхуырбаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, рæстæгимæ иумæ ивы радиойы куыст дæр.
"Ныртæккæ афтæ бирæ ис информаци, æмæ йыл адæймаг не 'ххæссы, уый бандæвта радиойы куыстыл дæр, фæивта йæ формæ дæр æмæ йæ алæвæрдтæ дæр", - загъта Алан.
Радиостанцы сæргълæууæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ кæд раздæр ног хабæрттæ эфиры цыдысты 10-15 минуты, уæд ныр та ахæм хабæрттæм ничиуал хъусдзæн.
"Не 'мзæххонтæй республикæйы æдде чи цæры, уыдон мын арæх фæдзурынц, зæгъгæ, радио "Ир-ФМ" цæмæннæ ис интернеты. Махмæ гæсгæ уымæн нæй стыр нысаниуæг, уымæн æмæ уыцы адæмæн цымыдисон нæ уыдзысты бынæттон хабæрттæ", - бафиппайдта Цхуырбаты Алан.
Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ныртæккæ бирæ актуалондæр у социалон хызæгты парахат кæнын радиойы сæрмагонд алæвæрдтæ.