Фӕндаг сӕхгӕнын нӕ хъавынц: Хуссар Иры УУМ радзырдтой Транскамыл уавӕры тыххӕй

© SputnikТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.03.2021
Рафыссын
Уагдоны фехъусын кодтой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн иунӕг фӕндагыл уавӕры тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 16 мар – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Транскавказаг автомагистраль кусы хуымӕтӕг режимы. Хӕхты мит нӕ уары, фӕлӕ трассӕйы кӕцыдӕр хӕйттыл ис бырынцъаг фӕндаг. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодтой дыццӕджы Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайады.

"Уӕзласӕн ӕмӕ рог хӕдтулгӕтӕ сӕрибарӕй цӕуынц дыууӕрдӕм дӕр. Фӕндаг нӕ хъавынц сӕхгӕнын", - бафтыдта агентады ныхасӕмбал.

Транскавказаг автомагистраль - бӕрзондхӕххон иунӕг трассӕ, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндагыл арӕх фӕзынынц зындзинӕдтӕ митуард ӕмӕ зӕйты тыххӕй. Арӕх республикӕ фӕиппӕрд вӕййы ӕнӕхъӕн дунейӕ цалдӕр бонмӕ зӕйты ӕрцыды аххосӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0