Хуссар Иры паддзахадон телеуынынадыл сӕххӕст 27 азы. Коллективӕн раарфӕ кодта президент

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент бабӕрӕг кодта телерадиокомпани "Ир"
Президент бабӕрӕг кодта телерадиокомпани Ир - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.03.2021
Рафыссын
Дыццӕджы, 16 марты, паддзахадон телерадиокомпани "Ир" нысан кӕны йӕ сӕвзӕрды 27-ӕм афӕдзы бон, ацы бӕрӕгбоны фӕдыл телеканалы коллективӕн раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны президент

ЦХИНВАЛ, 16 мар — Sputnik. Гъӕдджын информацион контенты арӕзтад у паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-ы кусджыты иумӕйаг куысты фӕстиуӕг, банысан кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы телы.

Бибылты Анатолий саргъ кодта телеканалы кусджыты архайдӕн, сӕ бӕрнон ахастӕн куыстмӕ.

"Сымах цӕттӕ стут кусын иууыл уӕззаудӕр уавӕрты. Цӕвиттонӕн уыдзӕн уӕ удуӕлдай куыст коронавирусон инфекцийы ныхмӕ тохы рӕстӕджы, уӕд сымах дӕттат оперативон информаци "сырх зонӕтӕй". Бузныг уын пайдаджын куысты тыххӕй", - бахахх кодта президент.

Президент ацы бон сӕрмагонд бузныг загъта фыдыбӕстон телеуынынады ветерантӕн, кӕцытӕ атыдтой информацион блокадӕ Хуссар Ирыстонӕн уӕззау рӕстӕджы. Бибылты Анатолий ма баныфсӕвӕрдта, кусджыты сфӕлдыстадон потенциал ӕмӕ профессионализмы руаджы фидӕны фӕзындзысты ног цымыдисон проекттӕ ӕмӕ программӕтӕ.

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон телеуынынад сарӕзтой ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты хӕсты фӕстӕ – 16 марты 1994 азы. Уыцы рӕстӕджы коллективӕн нӕ уыд стыр фадӕттӕ, техникӕ, фӕлӕ энтузиазм ӕмӕ патриотизмы руаджы уыдон къуыри ӕртӕ хатт хызтызты эфирмӕ. Уый фӕстӕ националон телеуынынад рацыд стыр фӕндаг, фӕхуыздӕр техникон ифтонггарз, коллективмӕ ӕрбаиу сты ног курдиатджын журналисттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0