Хуссар Иры ацыд Ереды трагедийы амӕттӕгты мысӕнӕн митинг

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры ацыд Ереды трагедийы амӕттӕгты мысӕнӕн митинг
Хуссар Иры ацыд Ереды трагедийы амӕттӕгты мысӕнӕн митинг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.03.2021
Рафыссын
Ӕртын азы размӕ гуырдзиаг хотыхджын ӕфсӕддонтӕ бирӕ фыдмиты фӕстӕ удæгасæй баныгæдтой 12 ирон лӕппуйы Ереды хъӕуы цур

ЦХИНВАЛ, 18 мар — Sputnik, Козаты Диана.Хуссар Ирыстоны цыппӕрӕмы ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ. Мысӕн мадзал ацыд горӕты уӕлмӕрды, цы ран ӕфсымӕрон ингӕны хуыссынц 12 ирон лӕппуйы, кӕцыты ӕртын азы размӕ гуырдзиаг хотыхджын ӕфсӕддонтӕ бирӕ фыдмиты фӕстӕ удæгасæй баныгæдтой.

1991 азы 18 марты Ереды хъæуы цур гуырдзиаг хотыхджын ӕфсӕддонтӕ рахизын кодтой Дменисæй Цхинвалмæ цæуæг автобусæй 25 ироны. Сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты фæнадтой, стæй сæ ауагътой. 12 ирон нӕлгоймаджы та бирӕ фыдмиты фӕстӕ удæгасæй баныгæдтой. Бирӕ ӕзты дӕргъы уыдон нымад цыдысты ӕбӕрӕгӕй сӕфтыл. Сæ ингæны бынат сын ссардтой æрмæстдæр дыууæ азы фæстæ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Ереды трагедийы афӕдзы бон
Хуссар Иры ацыд Ереды трагедийы амӕттӕгты мысӕнӕн митинг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.03.2021
Ереды трагедийы афӕдзы бон

Къӕвдамӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ трагедийы амӕттӕгты мысӕнӕн митингмӕ ӕрбацыдысты цалдӕр сӕдӕ адӕймаджы.

"Ӕртын азы рацыд ацы трагедийӕ, фӕлӕ мах ӕрмӕстдӕр 28 азы цӕуӕм ацы лӕппуты ингӕнмӕ. Уымӕн ӕмӕ дыууӕ азӕй фылдӕр ничи зыдта, цы ран сӕ баныгӕдтой удӕгасӕй. Ацы дыууӕ азы сӕ хиуӕтты уырныдта, кӕй сӕ ссардзысты удӕгасӕй. Фӕлӕ сӕ бӕллиц нӕ сӕххӕст", - загъта президент Бибылты Анатолий.

Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, ацы трагеди иунӕг фыдракӕнд кӕй нӕ уыд ирӕтты ныхмӕ Гуырдзыстоны рдыгӕй, президент ӕрымысыд Зары трагеди ӕмӕ 2008 азы августы хӕст.

© Sputnik / Natalia Airiyan Ереды трагедийы афӕдзы бон
Хуссар Иры ацыд Ереды трагедийы амӕттӕгты мысӕнӕн митинг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.03.2021
Ереды трагедийы афӕдзы бон

Бибылты Анатолий бахахх кодта, ацы фыдракӕндтӕ иууылдӕр кӕй сты 1920 азы геноциды фӕстиуджытӕ.

Президент ма бафтыдта, Хуссар Ирыстоны адӕм алыхатт дӕр кӕй хъуыды кӕндзысты ацы фыдракӕндтӕ, ӕмӕ никуы ферох кӕндзысты сӕ амӕттӕгты.

"Мах хъуыды кӕндзыстӕм зындзинад, кӕцы Гуырдзыстон ӕрхаста Хуссар Ирыстон", - загъта Бибылты Анатолий.

Фӕмардуӕвджыты рухс ном ссардтой иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Ереды трагедийы афӕдзы бон
Хуссар Иры ацыд Ереды трагедийы амӕттӕгты мысӕнӕн митинг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.03.2021
Ереды трагедийы афӕдзы бон

Митингмӕ ӕрбацыдысты фӕмардуӕвджыты хиуӕттӕ дӕр. Уыдон иууыл фӕстаг бацыдысты ӕфсымӕрон ингӕнмӕ ӕмӕ бараст кодтой дидинтӕ, кӕцытӕ хастой ацы ранмӕ республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Ереды трагедийы афӕдзы бон
Хуссар Иры ацыд Ереды трагедийы амӕттӕгты мысӕнӕн митинг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.03.2021
Ереды трагедийы афӕдзы бон
Ног хабӕртты лентӕ
0