ЦХИНВАЛ, 22 мар – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны рабӕрӕг кодтой 12 ног рынчыны коронавирусон инфекцийӕ, фехъусын кодта Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
"Сарӕзтам 88 раиртӕсты COVID-19 рафӕлгъауыны тыххӕй, уыдонӕй 12 равдыстой низы уӕвынад", - загъта уый.
Санитарон дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, абоны бон медицинон хъусдарды бын амбулаторон æмæ стационарон уавæрты сты 439 пациенты.
"Югосетпотребнадзор"-ы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ республикӕйы сарӕзтӕуыд 19 661 иртӕсты, 3172 тесты равдыстой ӕвӕрццаг нысаниуӕг.
ЦХИНВАЛ, 14 апр - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы сног кодтой хӕдтулгӕтӕн номырон нысӕнттӕ, скъӕрыны бартӕ ӕмӕ транспортон фӕрӕзты регистрацийы фӕдыл документтӕ дӕттын. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Республикӕйы фӕстаг рӕстӕджы сӕвзӕрд проблемӕтӕ ацы бланктӕ аразын ӕмӕ республикӕмӕ ӕрласыны фӕдыл. Мидхъуыддӕгты министрад ныфс ӕвӕрдтой цыбыр ӕмгъуыдмӕ аскъуыддзаг кӕнын фарст.
"Ацы проблемӕ фӕзынд уый тыххӕй, ӕмӕ бланктӕ цы компани цӕттӕ кӕны, уый кусджытӕ иууылдӕр фӕрынчын сты коронавирусӕй. Ныр ногӕй райдыдтам дӕттын скъӕрыны бартӕ, номыртӕ ӕмӕ техпаспорттӕ", - радзырдтой МХМ.
Уагдоны бафтыдтой, транспорт срегистраци кӕныны фӕдыл ӕвдисӕндар бланктӕ республикӕмӕ кӕй ӕрхӕццӕ уыдзысты ӕввахс 2-3 боны.
ЦХИНВАЛ, 14 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссарирыстойнаг театры труппæйы гастрольтæ Мæскуыйы ныссастой стереотиптæ æмæ "атыдтой культурон информацион блокадæ", загъта пресс-конференцийы Sputnik уагдоны директор Уалыты Мæдинæ.
Пресс-конференци нывонд уыд Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры труппæйы фыццаг гастрольтæн Мæскуыйы. Уæрæсейаг столицæйы театралты размæ рахастæуыд спектакльтæ "Антигона", "Фандо æмæ Лис" æмæ "Юлий Цезарь". Гастрольтæ ацыдысты "Арбаты ирон культурæйы бонты" фæлгæтты.
Уалыты Мæдинæйы ныхæстæм гæсгæ, сæйраг мадзæлттæ ацыдысты Актеры централон хæдзары, кæсджытæ фылдæр бæрцæй уыдысты ирон æмбæстæгтæ.
"Уыдонæн тынг æхсызгон уыд ирон ныхас фехъусын, нæ спектакльтæ фенын. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдис дзы Мæскуыйы цæрджытæ дæр, уыдонæн та мах аластам сæрмагонд аппаратурæ, цæмæй спектакльтæ фехъуыстаиккой тæлмацæй", - загъта уый.
Культурон уагдоны директор ма банысан кодта, ахæм гастрольтæ хуымæтæг хъуыддаг кæй нæу, уыдон бацæттæ кæнынæн хъæуы бирæ æмæ зæрдиагæй кусын.
"Махæн уый бантыст, мах ныссастам стереотиптæ æмæ атыдтам культурон информацион блокадæ. Нæ театры тыххæй базыдтой æмæ нæ ныр хондзысты", - бахахх кодта Уалыты Мæдинæ.
Уый ма бафтыдта, ныртæккæ кæй цæуындз бадзырдтæ ног гастрольтæ æмæ стыр сценæты тыххæй.
Хуссар Ирыстоны адæмон артист Тъехты Василий, кæцы архайдта æртæ спектаклы дæр, нымайы, гастрольтæ æцæгдæр кæй ацыдысты тынг бæрзонд æмвæзадыл.
"Алыхатт дæр иу рахатыдтæн, кæсджытæ-иу дисы кæй ныххаудысты. Уыдон æнхъæл нæ уыдысты, Хуссар Ирыстоны ахæм æмвæзадыл театр æмæ ахæм профессионалон актертæ кæ ис. Нæ спектакльтæй иумæ фæуазæг Гоша Куценко, кæцы стыр аргъ скодта хуссарирыстойнаг коллекæты профессионалондзинадæн", - радзырдта адæмон артист.
Хуссар Иры сгуыхт артисткæ Натия Чохели дæр банысан кодта, æддæмæ хæссын кæй хъæуы националон драматургийы.
"Уымæй мах фæдис кæндзыстæм æмæ бацымыдис кæндзыстæм фæсарæйнаг кæсджыты", - бахахх кодта уый.