ЦХИНВАЛ, 24 мар – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны фӕзынаргъ уыдзысты ӕртаджы алы хуызы ӕргътӕ дӕр, кӕцыдӕр ӕртагкӕнӕн станцы ныридӕгӕн дӕр фӕзынаргъ ис бензин. Ӕрӕджыйы онг АИ-92 аргъ уыд 36-38 сомы, АИ-95 та 41-42 сомы. Газы аргъ уыд 27 сомы. Ныртӕккӕ та 95-ӕм бензин ныккӕнӕн ис 43 сомӕй.
Цхинвалы ӕртагкӕнӕн станцтӕй иуы хицау куыд радзырдта, афтӕмӕй ӕргъты фӕфылдӕры аххосаг у, Уӕрӕсейы хисӕрмагонд станцты дӕр иу тоннӕ бензины аргъ кӕй фӕзынаргъ кодтой фараст сомы, уый. Ацы хабар йӕ фӕстӕ расайдта ӕргъты фӕфылдӕр Цхинвалы дӕр.
Тагъд рӕстӕджы АИ-92 маркӕ бензины литры аргъ уыдзӕн 41-42 сомы, АИ-95 та – 45 сомы. Газы аргъ дӕр схиздзӕн 30 сомы онг. Дизелон ӕртаджы кой нырма ничи кӕны.
Процентон ӕгъдауӕй ӕргътӕ фӕзынаргъ уыдзысты:
"Югосетнефтепродукт"-ы директор Джыгкайты Сосланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, паддзахадон ӕртагкӕнӕн станцы нырма ӕргътӕ нӕ фӕфылдӕр сты, фӕлӕ ӕввахс рӕстӕджы уым дӕр фӕзынаргъ уыдзӕн бензин. Фӕлӕ кӕд ӕмӕ цас - нырма бӕрӕг нӕу, "уый баст у бӕстӕйы кухдариуӕгадимӕ".
Sputnik бахатыд ацы фарсты фӕдыл хицауадмӕ дӕр, фӕлӕ уым банысан кодтой, бӕлвырддӕр информаци кӕй фехъусын кӕндзысты ӕмбӕстӕгтӕн ӕввахс рӕстӕджы.
ЦХИНВАЛ, 19 апр - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны сӕндидзын кодтой электроифтонгад, фӕлӕ энергетикӕйы куджытӕ нырма дӕр кусынц аварийы аххосӕгтӕ аиуварс кӕныныл.
Хуссар Ирыстоны электроэнерги ахицӕн къуырисӕры ӕмбисбон электрохызӕгтыл аварийы тыххӕй.
"Энергетиктӕ ссардтой аварийы бынат ӕмӕ кусынц проблемӕ аиуварс кӕныныл, ӕввахс рӕстӕджы рухс нырма гӕнӕн ис ахицӕн уа цыбыр ӕмгъуыдмӕ", - радзырдта Sputnik "Энергоресурс"-ы генералон директоры хӕдивӕг Гӕбӕраты Анатолий.
Гендиректоры хӕдивӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы ӕввахс цалдӕр сахаты гӕнӕн ис хицӕн кӕна рухс цыбыр ӕмгъуыдмӕ.
ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд майрæмбоны рабæрæг кодтой фондз ног фæрынчынуæвæджы коронавирусæй, æрхаста тестыты бæрæггæнæнтæ санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина. Уый бамбарын кодта, улæфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы кæй нæ сарæзтой тесттæ, къуырисæры иртæстты тыххæй та фехъусын кæндзысты сом райсом.
"Майрæмбоны саразгæ 124 иртæстæй COVID-19 рабӕрӕг кодтой фондз адæймагæн", - загъта сæйраг санитарон дохтыр.
Коцты Марина бафтыдта, медицинон хыгъдӕй кӕй систой фараст адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 2 931 онг. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 361 адӕймаджы.
Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 21 396 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 292 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.
Ацы аз 11 апрелы паддзахадон радиостанц "Ир-ФМ"-ыл сæххæст 89 аз. Йæ сæргълæууæг Цхуырбаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, рæстæгимæ иумæ ивы радиойы куыст дæр.
"Ныртæккæ афтæ бирæ ис информаци, æмæ йыл адæймаг не 'ххæссы, уый бандæвта радиойы куыстыл дæр, фæивта йæ формæ дæр æмæ йæ алæвæрдтæ дæр", - загъта Алан.
Радиостанцы сæргълæууæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ кæд раздæр ног хабæрттæ эфиры цыдысты 10-15 минуты, уæд ныр та ахæм хабæрттæм ничиуал хъусдзæн.
"Не 'мзæххонтæй республикæйы æдде чи цæры, уыдон мын арæх фæдзурынц, зæгъгæ, радио "Ир-ФМ" цæмæннæ ис интернеты. Махмæ гæсгæ уымæн нæй стыр нысаниуæг, уымæн æмæ уыцы адæмæн цымыдисон нæ уыдзысты бынæттон хабæрттæ", - бафиппайдта Цхуырбаты Алан.
Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ныртæккæ бирæ актуалондæр у социалон хызæгты парахат кæнын радиойы сæрмагонд алæвæрдтæ.