ХИПУ ректор: университет кусы штатон режимы

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.03.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны иунӕг университеты ахуырадон процесс ӕмӕ ӕппӕт структурӕтӕ дӕр кусынц ӕнӕ къуыхцытӕй, электроэнергийы аскъуыдмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik, Тъехты Дзерасса. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет кусы ӕрвылбонон режимы, фехъусын кодта ахуырадон уагдоны ректор Тедеты Вадим.

"Республикӕйы 1989 азӕй фӕстӕмӕ арӕх вӕййынц уӕлвӕткон уавӕртӕ рухс ӕмӕ нуазыны доны аскъуыдимӕ, уымӕ гӕсгӕ ХИПУ сӕвӕрдтам егъау дизелон генератор, уымӕ гӕсгӕ нӕм рухс вӕййы ӕнӕкъуылымпытӕй. Доны фӕстауӕрц дӕр нӕм вӕййы 50 ӕмӕ 14 тоннӕйы", - загъта ректор.

Уый ма бафтыдта, университеты хъармгӕнӕн системӕ дӕр кӕй кусы куыд ӕмбӕлы афтӕ. Аудиториты ӕмӕ кабинетты у хъарм, ис дзы рухс ӕмӕ интернет.

Хуссар Иры рухс ахуыссыд дыццӕджы ӕхсӕвы электрохаххыл аварийы тыххӕй. "Энергоресурс"-ы специалисттӕ ӕмӕ УУМ кусджытӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв агуырдтой электрохаххыл аварийы бынат, фӕлӕ нырма сӕ къухты ницы бафтыд. 

Республикӕйы рухс кӕй нӕй, уый тыххӕй сӕ куыст ӕрурӕдтой сабидӕттӕ ӕмӕ скъолатӕ. Горӕты кусынц ӕрмӕстдӕр дыууӕ сабидоны – фыццӕгӕм ӕмӕ ӕвддӕсӕм, ӕмӕ скъола "Альбион".

Ног хабӕртты лентӕ
0