ЦХИНВАЛ, 26 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Адӕмон парти раивта йӕ лидеры, йӕ сӕргъ слӕууыд Харебаты Сергей.
Партийы радон рабадт ацыд майрӕмбоны. Харебаты Сергейы кандидатурӕ партийы лидеры бынатмӕ уыд иунӕг номхыгъды.
"Уый уыд радон хыгъдлӕвӕрдон-ӕвзарӕн рабадт, кӕцы уагъд цӕуы ӕртӕ аз иу хатт. Уым равзарынц ног къухдариуӕгад ӕмӕ генсовет. Уый уыд мӕхи сӕрмагонд, ӕмӕ генералон советы скъуыддзаг, цӕмӕй сног кӕнӕм партийы къухдариуӕгад. Уый фӕдыл партийы разамонӕг ссис Харебаты Сергей", - радзырдта Sputnik партийы раздӕры сӕрдар, парламенты вице-спикер Плиты Александр.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Харебаты Сергей у партийы бындурӕвӕрджытӕй сӕ иу.
Плиты Александр бахахх кодта, 2022 азы президентон ӕвзӕрстыты хайад райсыны тыххӕй нырма раджы у дзурын, уымӕн ӕмӕ сӕм бирӕ рӕстӕг хъӕуы.
ЦХИНВАЛ, 19 апр - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны сӕндидзын кодтой электроифтонгад, фӕлӕ энергетикӕйы куджытӕ нырма дӕр кусынц аварийы аххосӕгтӕ аиуварс кӕныныл.
Хуссар Ирыстоны электроэнерги ахицӕн къуырисӕры ӕмбисбон электрохызӕгтыл аварийы тыххӕй.
"Энергетиктӕ ссардтой аварийы бынат ӕмӕ кусынц проблемӕ аиуварс кӕныныл, ӕввахс рӕстӕджы рухс нырма гӕнӕн ис ахицӕн уа цыбыр ӕмгъуыдмӕ", - радзырдта Sputnik "Энергоресурс"-ы генералон директоры хӕдивӕг Гӕбӕраты Анатолий.
Гендиректоры хӕдивӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы ӕввахс цалдӕр сахаты гӕнӕн ис хицӕн кӕна рухс цыбыр ӕмгъуыдмӕ.
ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд майрæмбоны рабæрæг кодтой фондз ног фæрынчынуæвæджы коронавирусæй, æрхаста тестыты бæрæггæнæнтæ санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина. Уый бамбарын кодта, улæфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы кæй нæ сарæзтой тесттæ, къуырисæры иртæстты тыххæй та фехъусын кæндзысты сом райсом.
"Майрæмбоны саразгæ 124 иртæстæй COVID-19 рабӕрӕг кодтой фондз адæймагæн", - загъта сæйраг санитарон дохтыр.
Коцты Марина бафтыдта, медицинон хыгъдӕй кӕй систой фараст адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 2 931 онг. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 361 адӕймаджы.
Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 21 396 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 292 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.
Ацы аз 11 апрелы паддзахадон радиостанц "Ир-ФМ"-ыл сæххæст 89 аз. Йæ сæргълæууæг Цхуырбаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, рæстæгимæ иумæ ивы радиойы куыст дæр.
"Ныртæккæ афтæ бирæ ис информаци, æмæ йыл адæймаг не 'ххæссы, уый бандæвта радиойы куыстыл дæр, фæивта йæ формæ дæр æмæ йæ алæвæрдтæ дæр", - загъта Алан.
Радиостанцы сæргълæууæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ кæд раздæр ног хабæрттæ эфиры цыдысты 10-15 минуты, уæд ныр та ахæм хабæрттæм ничиуал хъусдзæн.
"Не 'мзæххонтæй республикæйы æдде чи цæры, уыдон мын арæх фæдзурынц, зæгъгæ, радио "Ир-ФМ" цæмæннæ ис интернеты. Махмæ гæсгæ уымæн нæй стыр нысаниуæг, уымæн æмæ уыцы адæмæн цымыдисон нæ уыдзысты бынæттон хабæрттæ", - бафиппайдта Цхуырбаты Алан.
Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ныртæккæ бирæ актуалондæр у социалон хызæгты парахат кæнын радиойы сæрмагонд алæвæрдтæ.