Ӕвзонг ленкгӕнджытӕ Хуссар Ирӕй рамбылдтой 142 майданы Хъырымы фыццагады

© Федерация плавания Южной ОсетииӔвзонг ленкгӕнджытӕ Хуссар Ирӕй рамбылдтой 142 майданы Хъырымы фыццагады
Ӕвзонг ленкгӕнджытӕ Хуссар Ирӕй рамбылдтой 142 майданы Хъырымы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.03.2021
Рафыссын
Ленк кӕныны фыццагад "Evolution OPEN"-ы, кӕцы ацыд спорты центр "Эволюция"-йы горӕт Евпаторийы (Хъырым), хуссарирыстойнаг спортсментӕ рамбылдтой 79 сыгъзӕрин майданы

ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik. Евпаторийы (Хъырым) знон фесты ерыстӕ ленк кӕнынӕй "Evolution OPEN", цы ран хуссарирыстойнаг спортсментӕ ӕнтыстджын архайд скодтой.

Хуссар Ирыстоны ленк кӕныны федерацийы президент Евгения Терлеева куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй хуссарирыстойнаг ленкгӕнджытӕ ӕдӕппӕт рамбылдтой 142 майданы.

Ерысты фыццаг бон спортсментӕ райстой 73 майданы: 38 сыгъзӕрин, 22 ӕвзист ӕмӕ 13 бронзӕйон.

© Федерация плавания Южной ОсетииӔвзонг ленкгӕнджытӕ Хуссар Ирӕй рамбылдтой 142 майданы Хъырымы фыццагады
Ӕвзонг ленкгӕнджытӕ Хуссар Ирӕй рамбылдтой 142 майданы Хъырымы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.03.2021
Ӕвзонг ленкгӕнджытӕ Хуссар Ирӕй рамбылдтой 142 майданы Хъырымы фыццагады
"Фыццагады дыккаг бон нӕ командӕ рамбылдта ноджы 69 майданы, уыдонӕй – 41 сыгъзӕрин, 18 ӕвзист ӕмӕ 10 бронзӕйон хорзӕхы. Хуссар Ирыстонмӕ ӕдӕппӕт ӕрхӕсдзыстӕм 142 майданы!", - банысан кодта Терлеева.

Ленк кӕныны фыццагад "Evolution OPEN"-ы ацыд спорты центр "Эволюция"-йы горӕт Евпаторийы (Хъырым) 26-28 марты.

Ног хабӕртты лентӕ
0