Хуссар Иры арӕнхъахъхъӕнджытӕ ссардтой хӕстон гранатӕ

© ЦОС ФСБ РФ /  Ахизын медиабанкмæГранатӕ "Ф-1"
Гранатӕ Ф-1  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.03.2021
Рафыссын
Хӕстӕрмӕг ссардтой арӕнхъахъхъӕнджытӕ сӕ патрулы рӕстӕджы. Уыдон фехъусын кодта ссарӕггаджы тыххӕй уӕлвӕткон уагдонмӕ

ЦХИНВАЛ, 29 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Зиулеты хъӕумӕ хӕстӕг ссардӕуыд фистӕгӕфсады ныхмӕ гранатӕ Ф-1, хъусын кӕны республикӕйы УУМ пресс-службӕ.

"Гранатӕ ссардтой арӕнгӕрон управленийы службӕгӕнджытӕ алфӕмбылай территори патруль кӕныны рӕстӕджы. Гранатӕ уыд хӕстхъом", - фехъусын кодтой уагдоны.

УУМ сапертӕ сӕнӕзианхъом кодтой хӕстӕрмӕджы ӕмӕ дарддӕр ӕрцӕудзӕн куынӕг.

© Пресс-служба МЧС РЮОХуссар Иры арӕнхъахъхъӕнджытӕ ссардтой хӕстон гранатӕ
Хуссар Иры арӕнхъахъхъӕнджытӕ ссардтой хӕстон гранатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.03.2021
Хуссар Иры арӕнхъахъхъӕнджытӕ ссардтой хӕстон гранатӕ

Цалдӕр боны размӕ та Хуссар Иры фӕндаггӕрон тыхон структурӕты минӕвӕрттӕ сардтой цинкӕй асыкк, йӕ мидӕг 440 нӕмыджы, афтӕмӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0