Хуссар Иры ПАИ рӕстӕгмӕ нал дӕтты скъӕрыны бартӕ, номыртӕ ӕмӕ регистрацийы документтӕ

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры ӕрурӕдтой скъӕрыны бартӕ, номыртӕ ӕмӕ транспорты регистрацийы документты лӕвӕрд
Хуссар Иры ӕрурӕдтой скъӕрыны бартӕ, номыртӕ ӕмӕ транспорты регистрацийы документты лӕвӕрд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.04.2021
Рафыссын
Ахӕм скъуыддзаг баст у ацы документты аразын ӕмӕ республикӕмӕ ӕрласыны фӕдыл проблемӕтимӕ. МХМ информацимӕ гӕсгӕ, документтӕ ӕмӕ паддзахадон номырты лӕвӕрд сног кӕндзысты апрелы ӕмбистӕм

ЦХИНВАЛ, 1 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекци рӕстӕгмӕ ӕрурӕдта хӕдтулгӕтӕн номырон нысӕнттӕ, скъӕрыны бартӕ ӕмӕ транспортон фӕрӕзты регистрацийы фӕдыл документты лӕвӕрд, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ).

"Ацы документтӕ иууылдӕр арӕзт цӕуынц Уӕрӕсейы Федерацийы, фӕлӕ сӕ ӕрбаласт Хуссар Ирыстонмӕ аргъӕвтой компанийы кусджытӕ коронавирусӕй кӕй фӕрынчын сты, уый тыххӕй", - банысан кодтой уагдоны.

МХМ баныфсӕвӕрдтой, документты лӕвӕрд кӕй сног кӕндзысты апрелы ӕмбисты, заказ сӕ саразынӕн куы сӕххӕст кӕной, уӕд.

Ног хабӕртты лентӕ
0