ЦХИНВАЛ, 1 апр – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны сӕйраг сахары хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ бавнӕлдтой бӕлӕстӕ ӕхсӕдынмӕ. Уыдон куыд банысан кодтой, афтӕмӕй бæлæстæ алы уалдзæг дæр домынц зилын. Чи сæ зæронд кæны æмæ йæ калын хъæуы, кæй та - æхсæдын.
"Ныртæккæ у бæлæсты хус къалиутæ æхсæдынæн тынг хорз рæстæг. Уыдон уалдзæджы суадздзысты ног таутæ æмæ иуæй йæ къалиутæ бирæ февзонгдæр уыдзысты, иннæмæй та фæрæсугъддæр уыдзæн æмткæй бæлас", - зæгъынц кусджытæ.
Бæлæсты хус цæнгтæ ралыг кодтой Сталины уынгыл æмæ Ногдзауты парчы. Уый фæстæ та цадæггай ахиздзысты æндæр уынгтæм дæр. Æхсæст куы фæуой, уæд бæлæсты бынтæ ныххафдзысты, ссыгъдæг сæ кæндзысты, зымæджы ам сæхицæн ахстæттæ чи сарæзта, уыцы уырынгонтæй. Стæй сæ байсæрддзысты чъырæй æмæ бæлæстæ уалдзæджы сыфтæр куы ракалой, уæд сæ рæсугъддзинад æмæ сыгъдæг уæлдæфæй æхцондзинад хæсдзысты.
"Цæрджытæй чидæртæ фæуайдзæф кæнынц, ома, æгæр тынг цæмæн æхсæдут бæлæсты, мах сын алы аз дæр бамбарын кæнæм, афтæ кæй æмбæлы, уый специалистты амынд кæй у. Фæлæ стæй уалдзæджы бæлæстæ куы рафтауынц, уæд та цин фæкæнынц цæрджытæ", - банысан кодта къалиутæ æхсæдæг.
Горæты администрацийы хæрзарæзтады комбинаты цы цъæхвæлыстгæнæн хайад ис, уыдон та ацы бонты æрæвналдзысты фæндæгты газонтыл дидинджытæ садзынмæ.
"Канд централон уынгтыл нæ, фæлæ фæсфæд цы сквертæ сырæзт, уым дæр сагъд æрцæудзæнис алыгъуызон дидинджытæ. Цалынмæ ноябры мæйы зымæджы уазал бонтæ не ‘рбалæууынц, уæдмæ дидин фæдарынц уынгтæ", - радзырдтой Цхинвалы мэрияйы пресс-службæйы.
Горæты администрацийы хæрзарæзтады хайады ма куыд загътой, афтæмæй бынаты хъомыл цы дидинджытæ æрцæуынц, уыдон хуыздæр адаптаци кæнынц æмæ тагъддæр схæцынц. Фæлæ уыдон фаг кæй нæ вæййынц, уымæ гæсгæ горæт сфæлындзынӕн дидинджыты алы хуызтæ æлхæд æрцæуы Цæгат Ирыстон, Кæсаг Балхъар æмæ æндæр сыхаг республикæтæй цалдæрыл.
ЦХИНВАЛ, 19 апр - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны сӕндидзын кодтой электроифтонгад, фӕлӕ энергетикӕйы куджытӕ нырма дӕр кусынц аварийы аххосӕгтӕ аиуварс кӕныныл.
Хуссар Ирыстоны электроэнерги ахицӕн къуырисӕры ӕмбисбон электрохызӕгтыл аварийы тыххӕй.
"Энергетиктӕ ссардтой аварийы бынат ӕмӕ кусынц проблемӕ аиуварс кӕныныл, ӕввахс рӕстӕджы рухс нырма гӕнӕн ис ахицӕн уа цыбыр ӕмгъуыдмӕ", - радзырдта Sputnik "Энергоресурс"-ы генералон директоры хӕдивӕг Гӕбӕраты Анатолий.
Гендиректоры хӕдивӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы ӕввахс цалдӕр сахаты гӕнӕн ис хицӕн кӕна рухс цыбыр ӕмгъуыдмӕ.
ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд майрæмбоны рабæрæг кодтой фондз ног фæрынчынуæвæджы коронавирусæй, æрхаста тестыты бæрæггæнæнтæ санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина. Уый бамбарын кодта, улæфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы кæй нæ сарæзтой тесттæ, къуырисæры иртæстты тыххæй та фехъусын кæндзысты сом райсом.
"Майрæмбоны саразгæ 124 иртæстæй COVID-19 рабӕрӕг кодтой фондз адæймагæн", - загъта сæйраг санитарон дохтыр.
Коцты Марина бафтыдта, медицинон хыгъдӕй кӕй систой фараст адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 2 931 онг. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 361 адӕймаджы.
Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 21 396 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 292 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.
Ацы аз 11 апрелы паддзахадон радиостанц "Ир-ФМ"-ыл сæххæст 89 аз. Йæ сæргълæууæг Цхуырбаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, рæстæгимæ иумæ ивы радиойы куыст дæр.
"Ныртæккæ афтæ бирæ ис информаци, æмæ йыл адæймаг не 'ххæссы, уый бандæвта радиойы куыстыл дæр, фæивта йæ формæ дæр æмæ йæ алæвæрдтæ дæр", - загъта Алан.
Радиостанцы сæргълæууæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ кæд раздæр ног хабæрттæ эфиры цыдысты 10-15 минуты, уæд ныр та ахæм хабæрттæм ничиуал хъусдзæн.
"Не 'мзæххонтæй республикæйы æдде чи цæры, уыдон мын арæх фæдзурынц, зæгъгæ, радио "Ир-ФМ" цæмæннæ ис интернеты. Махмæ гæсгæ уымæн нæй стыр нысаниуæг, уымæн æмæ уыцы адæмæн цымыдисон нæ уыдзысты бынæттон хабæрттæ", - бафиппайдта Цхуырбаты Алан.
Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ныртæккæ бирæ актуалондæр у социалон хызæгты парахат кæнын радиойы сæрмагонд алæвæрдтæ.