Хуссар Иры драмтеатр ацыд гастрольты Мæскуымæ

© Sputnik / Наталья АйриянСпектакль "Антигона"
Спектакль Антигона  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.04.2021
Рафыссын
"Ирон культурæйы бонтæ Арбаты"-йы фæлгæтты уæрæсейаг столицæйы театралон æхсæнад фендзæн спектакльтæ "Антигона", "Фандо æмæ Лис" æмæ "Юлий Цезарь"

ЦХИНВАЛ, 2 апр - Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр афæндараст майрæмбоны гастрольты Мæскуымæ, фехъусын кодта Sputnik уагдоны директор Уалыты Мæдинæ.

"Цыппæрæм апрелы мах Вахтанговы театры равдисдзыстæм спектакль "Антигона". Билеттæ балхæнæн уыдзæн дыккаг апрелæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны минæварады бæстыхайы Уæрæсейы Федерацийы", - загъта уый.

"Ирон культурæйы бонтæ Арбаты"-йы фæлгæтты уæрæсейаг столицæйы театралон æхсæнад фендзæн æдæппæт æртæ спектаклы.

Театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.03.2021
Хуссар Иры театр хоны цӕрджыты Ӕхсӕнадон театры боны цытӕн мадзалмӕ

"Фæндзæм апрелы райдайдзысты "Ирон культурæйы бонтæ Арбаты", уырдæм бацæуынæн хонæн гæххæттытæ дæтдзысты Актеры централон хæдзары, цы ран ацæудзысты спектакльтæ дæр.

Уалыты Мадинæ ма бафтыдта, уый фæстæ бон та, ома æхсæзæм апрелы, хуссарирыстойнаг труппæ кæй ралæудзæн Уæрæсейаг академион фæсивæдон театры сценæйыл.

"Уым мах равдисдзыстæм режиссер Ян Яновскийы спектакль "Фандо æмæ Лис", - бахахх кодта театры директор.

Уымæй дарддæр ма балцы фæлгæтты организаци æрцæудзæн равдыст "Национ театры истори", актерты сфæлдыстадон фембæлд сæ мæскуыйаг коллегæтимæ æмæ театрты къухдариуæггæнджыты пресс-конференци.

Ног хабӕртты лентӕ
0