Хуссар Иры телеуынынад бакодта ног алæвæрд æппæт бинонтæн

© Sputnik / Наталья АйриянПТРК -ИР
ПТРК -ИР - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.04.2021
Рафыссын
Телестудийы фысым уыдзæн Цгъойты Арина - паддзахадон каналы фыццаг амонджытæй иу - уыимæ уазджытæ дих кæндзысты сæ фæлтæрддзинад

ЦХИНВАЛ, 5 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон телерадиокомпани "Ир" бакодта ног телеалæвæрд "Баулæфæм иумæ", кæцы цæудзæн улæфт бонты.

Проекты автор Плиты Динайы ныхæстæм гæсгæ, алæвæрды нысан у, цæмæй телекæсджытæй чысыл айрох уой æрвылбонон проблемæтæ æмæ аулæфой кусæгон къуырийæ.

Национ телеуынынад хоны скъоладзауты конкурсмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.02.2021
Агурӕм курдиӕтты: Хуссар Иры телеуынынад хоны скъоладзауты конкурсмӕ

"Уый тыххæй сын мах æнхъарæм бакæсын алæвæрд "Баулæфæм иумæ"-мæ. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, уый хъуамæ уа æууæнкджын æмæ зæрдæмæхъаргæ. Хистæр кары телекæсджытæ æнæмæнг æрымысдзысты Цгъойты Аринайы -уый суыдзæн студийы фысым æмæ йемæ дих кæндзысты сæ фæлтæрддзинад уазджытæ", - радзырдта Плиты Дина.

Алæвæрд "Баулæфæм иумæ" суыдзæн бинонты иугæнæг фактор æмæ фадат ратдзæн æнæхъæн бинонтæн æрбангом уæвынæн æмæ иумæ бакæсын бирæ цымыдисон рубрикæтæм, кæцытæ цæудзысты мадæлон æвзагыл.

Алæвæрды сæ бынат ссардзысты рубрикæтæ æнæниздзинад, юмор, аивад æмæ æндæр цымыдисон темæты тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0