Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой ӕртӕ ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Кирилл Брага /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.04.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы коронавирус ӕдӕппӕт бахӕцыд 3 440 адӕймагыл

ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы рабӕрӕг кодтой ӕртӕ ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыры хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Уый банысан кодта, къуырисӕры Югосетпотребнадзоры лабораторийы кӕй сарӕзтой 91 иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

"COVID-19 сбӕрӕг кӕныны фӕдыл тесттӕй ӕртӕ радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта Гаглойты Анна.

Афтӕ ма уый бафтыдта, иу суткӕмӕ медикты хыгъдӕй кӕй систой фондз адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 2 867 адӕймаджы.

Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 373 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй сарӕзтӕуыд 20 549 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 440 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0