Ирыстойнаг гимнасткӕты командӕ бацахста дыккаг бынат ерысты Астраханы

© Министерство спорта РСО-АланияИрыстойнаг гимнасткӕты командӕ бацахста дыккаг бынат ерысты Астраханы
Ирыстойнаг гимнасткӕты командӕ бацахста дыккаг бынат ерысты Астраханы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2021
Рафыссын
Цӕгатирыстойнаг командӕ райста ӕвзист майдан къордон ерысты, кӕцытӕ цыдысты 30 мартӕй 4 апрельмӕ Астраханы

ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны командӕ рамбылдта ӕвзист майдан Хуссар федералон зылд ӕмӕ Цӕгат Кавказы федералон зылды V сӕрдыгон Спартакиадӕйы дыккаг этапы авивадон гимнастикӕйӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы спорты министрады пресс-службӕ.

Хуссар Иры командӕ эстетикон гимнастикӕйӕ ссис уӕрӕсейаг ерысты ӕвзист призер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.02.2021
Хуссар Иры командӕ эстетикон гимнастикӕйӕ ссис уӕрӕсейаг ерысты ӕвзист призер

Кады пьедесталы дыккаг къӕпхӕнмӕ схызтысты Бесолты Амина, Милдзыхты Лаура, Валерия Самойлова, Туаты Аделина, Фӕрниаты Белла ӕмӕ Хуыбылты Алана.

Спортсменкӕтӕ сты Цӕгат Ирыстоны спорты министрады аивадон гимнастикӕйы фӕдыл Спортивон скъолайы хъомылнӕнинӕгтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0