ФК "Барсалан" Хуссар Ирӕй ссис Hopes Cup 2021 турниры ӕвзист призер

© Пресс-служба комитета по молодежной политике и спорту РЮОФК "Барсалан" Хуссар Ирӕй ссис Hopes Cup 2021 турниры ӕвзист призер
ФК Барсалан Хуссар Ирӕй ссис Hopes Cup 2021 турниры ӕвзист призер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2021
Рафыссын
Сывӕллӕтты футболон турнир уагъд цӕуы Олимпиаг хъӕуы Сочийы 15 мартӕй 15 апрелы онг, Хуссар Ирыстоны кад турниры хъахъхъӕдтой дыууӕ командӕйы

ЦХИНВАЛ, 7 апр - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты футболон командӕ "Барсалан" (2011 азы гуырд спортсментӕ) бацахста дыккаг бынат ӕппӕтуӕрӕсейон турнир Hopes Cup 2021-ы, фехъусын кодта Sputnik командӕйы тренер Хъазиты Алан.

Турнир уагъд цӕуы Олимпиаг хъӕуы Сочийы 15 мартӕй 15 апрелы онг. Алкӕцы кары къорды дӕр архайдтой фӕйнӕ 16 командӕйы ӕппӕт уӕрӕсейӕ. Хуссар Ирыстоны кад турниры хъахъхъӕдтой дыууӕ командӕйы – "Барсалан" (кӕстӕр къорд) ӕмӕ "Барсалан" (хистӕр къорд).

"Финалон хъазты "Академия-Краснодар"-имӕ сӕйраг рӕстӕг фӕцис 2:2 хыгъдӕй, фӕлӕ пенальтитӕй мах фембылдыстӕм 4:3 хыгъдӕй", - загъта тренер.

Финалы цыппӕрӕм хайы "Барсалантӕ" рамбылдтой Александр Мостовойы академийы командӕйы 4:2 хыгъдӕй, ӕрдӕгфиналы та фӕуӕлахиз сты "Спартак-Регионы"-йыл 6:5 хыгъдӕй.

ФК Барсалан Хуссар Ирӕй ссис Hopes Cup 2021 турниры ӕвзист призер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2021
ФК "Барсалан"
Ног хабӕртты лентӕ
0