ЦХИНВАЛ, 8 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны министрты кабинеты уӕнгтӕ хорзыл банымадтой Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн хицауады фӕстауӕрцон фондӕй 4,53 милуан сомы рахицӕн кӕныны фӕдыл фарст. Уый тыххӕй цыппӕрӕмы хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.
Республикон бирӕпрофилон медицинон центр (РБМЦ) райсдзӕн 3,29 милуан сомы, Знауыры районон рынчындон – 171,4 мин сомы, Къуаисайы рынчындон – 144,5 мин сомы, Ленингоры районон рынчындон – 926,7 мин сомы.
Республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕн бахӕс кодтой хъус ӕдарын медицинон кусджытӕн фиддонтӕ бафидыны процессмӕ.
"Ахсджиаг у, цӕмӕй алкӕцы кусӕг дӕр, кӕцы хайад иста коронавирусимӕ ныхмӕ тохы, райса ӕмбӕлон фиддонтӕ", - бахахх кодта премьер-министр Бекъойты Геннадий.
Раздӕр куыд хъусын кодтой, уымӕ гӕсгӕ Хуссар Ирыстоны хицауады фӕстауӕрцон фондӕй февралы рахицӕн кодтой ӕхсӕз милуан сомы медиктӕн фиддонтӕн. 2020 азы ноябры министрты кабинет рахицӕн кодта 50 милуан сомы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл мадзӕлттӕн, уыдонӕй 8,4 милуан сомы ацыдысты медицинон ӕмӕ ӕндӕр кусджытӕн фиддонтӕн.
ЦХИНВАЛ, 14 апр - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы сног кодтой хӕдтулгӕтӕн номырон нысӕнттӕ, скъӕрыны бартӕ ӕмӕ транспортон фӕрӕзты регистрацийы фӕдыл документтӕ дӕттын. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Республикӕйы фӕстаг рӕстӕджы сӕвзӕрд проблемӕтӕ ацы бланктӕ аразын ӕмӕ республикӕмӕ ӕрласыны фӕдыл. Мидхъуыддӕгты министрад ныфс ӕвӕрдтой цыбыр ӕмгъуыдмӕ аскъуыддзаг кӕнын фарст.
"Ацы проблемӕ фӕзынд уый тыххӕй, ӕмӕ бланктӕ цы компани цӕттӕ кӕны, уый кусджытӕ иууылдӕр фӕрынчын сты коронавирусӕй. Ныр ногӕй райдыдтам дӕттын скъӕрыны бартӕ, номыртӕ ӕмӕ техпаспорттӕ", - радзырдтой МХМ.
Уагдоны бафтыдтой, транспорт срегистраци кӕныны фӕдыл ӕвдисӕндар бланктӕ республикӕмӕ кӕй ӕрхӕццӕ уыдзысты ӕввахс 2-3 боны.
ЦХИНВАЛ, 14 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссарирыстойнаг театры труппæйы гастрольтæ Мæскуыйы ныссастой стереотиптæ æмæ "атыдтой культурон информацион блокадæ", загъта пресс-конференцийы Sputnik уагдоны директор Уалыты Мæдинæ.
Пресс-конференци нывонд уыд Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры труппæйы фыццаг гастрольтæн Мæскуыйы. Уæрæсейаг столицæйы театралты размæ рахастæуыд спектакльтæ "Антигона", "Фандо æмæ Лис" æмæ "Юлий Цезарь". Гастрольтæ ацыдысты "Арбаты ирон культурæйы бонты" фæлгæтты.
Уалыты Мæдинæйы ныхæстæм гæсгæ, сæйраг мадзæлттæ ацыдысты Актеры централон хæдзары, кæсджытæ фылдæр бæрцæй уыдысты ирон æмбæстæгтæ.
"Уыдонæн тынг æхсызгон уыд ирон ныхас фехъусын, нæ спектакльтæ фенын. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдис дзы Мæскуыйы цæрджытæ дæр, уыдонæн та мах аластам сæрмагонд аппаратурæ, цæмæй спектакльтæ фехъуыстаиккой тæлмацæй", - загъта уый.
Культурон уагдоны директор ма банысан кодта, ахæм гастрольтæ хуымæтæг хъуыддаг кæй нæу, уыдон бацæттæ кæнынæн хъæуы бирæ æмæ зæрдиагæй кусын.
"Махæн уый бантыст, мах ныссастам стереотиптæ æмæ атыдтам культурон информацион блокадæ. Нæ театры тыххæй базыдтой æмæ нæ ныр хондзысты", - бахахх кодта Уалыты Мæдинæ.
Уый ма бафтыдта, ныртæккæ кæй цæуындз бадзырдтæ ног гастрольтæ æмæ стыр сценæты тыххæй.
Хуссар Ирыстоны адæмон артист Тъехты Василий, кæцы архайдта æртæ спектаклы дæр, нымайы, гастрольтæ æцæгдæр кæй ацыдысты тынг бæрзонд æмвæзадыл.
"Алыхатт дæр иу рахатыдтæн, кæсджытæ-иу дисы кæй ныххаудысты. Уыдон æнхъæл нæ уыдысты, Хуссар Ирыстоны ахæм æмвæзадыл театр æмæ ахæм профессионалон актертæ кæ ис. Нæ спектакльтæй иумæ фæуазæг Гоша Куценко, кæцы стыр аргъ скодта хуссарирыстойнаг коллекæты профессионалондзинадæн", - радзырдта адæмон артист.
Хуссар Иры сгуыхт артисткæ Натия Чохели дæр банысан кодта, æддæмæ хæссын кæй хъæуы националон драматургийы.
"Уымæй мах фæдис кæндзыстæм æмæ бацымыдис кæндзыстæм фæсарæйнаг кæсджыты", - бахахх кодта уый.