Парламент не сразы Виталий Савченкойы кандидатурӕйыл Хуссар Иры генпрокуроры бынатмӕ

© Sputnik / Диана КозаеваВиталий Савченко
Виталий Савченко  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.04.2021
Рафыссын
Сессийы хайад цы 29 депутаты райстой, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр фараст сразы сты Савченкойы генпрокуроры бынатмӕ снысан кӕныныл

ЦХИНВАЛ, 13 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ не сразы сты президенты куырдиатимӕ республикӕйы генералон прокуроры бынатмӕ Виталий Савченкойы снысан кӕныны фӕдыл.

Раздӕр парламентон комитетты фылдӕр хай радтой ӕппӕрццаг хатдзӕгтӕ президенты куырдиатӕн ног прокуроры фӕдыл.

Сессийы рӕстӕджы депутаттӕ радтой цалдӕр фарсты Савченкомӕ, кӕцы банысан кодта, зӕгъгӕ йӕ кӕд сфидар кӕной генпрокурорӕй, уӕд йӕ куысты ӕнцой кӕндзӕн парламенты цӕстӕнгасыл.

Депутаттӕ банхъардтой ауадзын гом хъӕлӕсӕппӕрст. Сӕ фылдӕр схъӕлӕс кодтой Савченкойы кандидатурӕйы ныхмӕ.

Сессийы хайад цы 29 депутаты райстой, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр фараст сразы сты Савченкойы генпрокуроры бынатмӕ снысан кӕныныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0