"Бирӕ адӕм ӕрбацӕуынц фӕрсынмӕ": Хуссар Иры базарадон минӕвар "Продэкспо-2021"-ы тыххӕй

© Пресс-служба правительства РЮО"Продэкспо-2021"
Продэкспо-2021 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.04.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстон ӕртыккаг хатт хайад исы Европӕйы егъаудӕр хӕлцадон равдыст "Продэкспо"-йы. Республикӕ бавдыста минералон дӕттӕ ӕмӕ алкоголон нозттӕ

ЦХИНВАЛ, 15 апр – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. "Продэкспо-2021" равдысты уазджыты тынг цымыдис кӕнынц хуссарирыстойнаг минералон дӕттӕ "Бӕгъиатӕ" ӕмӕ "Аландон", афтӕ ма сӕндуцӕн "Иронсӕн"-ы продукци – сӕнтӕ ӕмӕ коньяк, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны базарадон минӕвар Уӕрӕсейы Таймураз Гогинов.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, равдыст ис йӕ тӕмӕны.

"Махмӕ бирӕ адӕм ӕрбацӕуын фӕрсынмӕ. Мах сын радзурӕм нӕ продукцийы тыххӕй. Фидарӕй гӕнӕн ис зӕгъын, минералон дон "Бӕгъиатӕ" кӕй у Хуссар Ирыстоны национ хӕзна", - Гогинов.

Продэкспо - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.04.2021
Минералон дон ӕмӕ сӕн. Цы бавдисдзӕн Хуссар Ир "Продэкспо-2021"-мӕ
Базарадон минӕвар бафтыдта, зӕгъгӕ, алкӕцы 15-20 минуты уагъд цӕуынц фембӕлдтӕ Уӕрӕсе ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты дистрибьютертимӕ. Ацы аз равдысты бирӕ бӕстӕтӕ нӕ исынц хайад. Хуссарирыстойнаг экспозици тынг цымыдис кӕны уазджыты. Знон сӕм бацыдысты Тайвань ӕмӕ Японийы минӕвӕрттӕ.

Гогинов банысан кодта, равдысты кӕронмӕ (уый сӕхгӕд уыдзӕн майрӕмбоны, 16 апрелы) гӕнӕн ис ӕнхъӕлмӕ кӕсын ноджы хуыздӕр фӕстиуджытӕм аргъгӕнӕн къамисӕй.

Афтӕ ма, Таймураз Гогинов бахахх кодта, знон равдыст кӕй бабӕрӕг кодта Хуссар Ирыстон Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕмӕ республикӕйы минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр.

Президенты пресс-службӕйы куыд радзырдтой Sputnik, афтӕмӕй Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг ис отпускы ӕмӕ ацыд Мӕскуымӕ хисӕрмагонд балцы.

Ног хабӕртты лентӕ
0