Бибылты Анатолий снысан кодта Хуссар Иры экс-генпрокуроры йӕ уынаффӕгӕнӕгӕй

© Официальный сайт Генпрокуратуры РФ Дзӕгъиаты Уырызмӕг
Дзӕгъиаты Уырызмӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.04.2021
Рафыссын
Дзӕгъиаты Уырызмӕджы ссӕрибар кодтой республикӕйы генералон прокуроры бынатӕй ивгъуыд дыццӕджы, 13 апрелы

ЦХИНВАЛ, 16 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд экс-генпрокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы йӕ уынаффӕгӕнӕгӕй снысан кӕныны фӕдыл.

Ӕмбӕлон барамынд ныммыхуыр кодтой паддзахады сӕргълӕууӕджы сайтыл майрӕмбоны.

"Снысан кӕнын Дзӕгъиаты Уырызмӕджы Фридоны фырты Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президенты Паддзахадон уынаффӕгӕнӕгӕй", - дзырдӕуы барамынды тексты.

Дзӕгъиаты Уырызмӕг уыд республикӕйы генералон прокурор 2016 азы апрелӕй. Парламент хорзыл банымадта президенты куырдиат Дзӕгъиаты Уырызмӕджы йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕныны фӕдыл ивгъуыд дыццӕджы, 13 апрелы.

Ног хабӕртты лентӕ
0