Цхинвалы сгарынц дыууæ адæймаджы мард æмæ ноджы иуы уæззау цæф –МХМ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.04.2021
Рафыссын
Развæлгъау информацимæ гæсгæ, столицæйы цæрæг уæззау цæф фæкодта нæлгоймаджы, стæй амардта цы сылгоймагимæ цард уый æмæ стæй та фехста йæхи

ЦХИНВАЛ, 18 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ сгарынц дыууæ мæлæт æмæ иу уæззау цæфы цауты лыстæгдзинæдтæ, хъусын кæны МХМ пресс-службæ.

Уымæй размæ фехъусын кодтой, хуыцаубоны райсом кæй ссардтой столицæйы æвзонг нæлгоймаджы, йæ сæр æхстæй. Уæззау уавæры йæ фæхæццæ кодтой рынчындонмæ. Зианбаййафæг у Цхинвалы 34-аздзыд цæрæг.

"Ацы фыдракæнды фæдыл агуырдтой зæрдæхсайгæ Цхинвалы 32-аздзыд цæрæджы. Сгарæн куыстыты фæстиуæгæн уымæн йæ мæрдон буар æхстæй ссардтой цы фатеры цард, уым. Уым ма ссардтой цы сылгоймагимæ цард, уый мæрдон буар, уый дæр уыд æхст",- загътой МХМ-йы.

Цаутæ сгарынц генералон прокуратурæ æмæ Цхинвалы мидхъуыддæгты хайад.

Ног хабӕртты лентӕ
0