Цхинвайлаг зарӕггӕнӕг Харебаты Марта хайад райста фестивалы Мӕскуыйы

Цхинвайлаг зарӕггӕнӕг Харебаты Марта хайад райста фестивалы Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.04.2021
Рафыссын
"Ирон культурӕйы бонтӕ" уагъд цыдысты фестиваль "Мӕ хӕдзар – Мӕскуы"-йы фӕлгӕтты. Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ фыццаг хатт хайад райстой ацы фестивалы

ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Цхинвайлаг зарӕггӕнӕг Харебаты Марта ралӕууыд "Ирон культурӕйы бонты" Уӕрӕсейы столицӕйы.

Зарӕггӕнӕг куыд радзырдта, афтӕмӕй "Ирон культурӕйы бонтӕ" уагъд цыдысты фестиваль "Мӕ хӕдзар – Мӕскуы"-йы фӕлгӕтты, уым хайад райстой цӕгатирыстойнаг артисттӕ, театр ӕмӕ кинойы актертӕ, афтӕ ма сывӕллӕтты ансамбльтӕ ӕмӕ ӕндӕр уазджытӕ. Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ фыццаг хатт хайад райстой ацы фестивалы.

Цхинвайлаг зарӕггӕнӕг Харебаты Марта хайад райста фестивалы Мӕскуыйы
Цхинвайлаг зарӕггӕнӕг Харебаты Марта хайад райста фестивалы Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.04.2021
Цхинвайлаг зарӕггӕнӕг Харебаты Марта хайад райста фестивалы Мӕскуыйы
"Фестиваль уагъд цыд "Кинойы хӕдзары" залы, уым уыд бирӕ уазджытӕ Уӕрӕсейӕ. Мадзалы рӕстӕджы сӕххӕст кодтой ирон адӕмон кӕфтытӕ ӕмӕ зарджытӕ, бакастысты ӕмдзӕвгӕтӕ ирон ӕвзагыл. Фестивалы ӕз сӕххӕст кодтой дыууӕ зарӕджы: Макъойты Ацӕмӕз ӕмӕ Хаситы Вильгельмы "Дымгӕ" ӕмӕ Быгъуылты Георгийы "Цвети Осетия моя", - загъта Харебаты Марта.

Фестиваль уагъд цыд Мӕскуыйы хицауады национ политикӕ ӕмӕ ӕхсӕнрегионон бастдзинӕдты фӕдыл департаменты ӕххуысӕй.

Цхинвайлаг зарӕггӕнӕг Харебаты Марта хайад райста фестивалы Мӕскуыйы
Цхинвайлаг зарӕггӕнӕг Харебаты Марта хайад райста фестивалы Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.04.2021
Цхинвайлаг зарӕггӕнӕг Харебаты Марта хайад райста фестивалы Мӕскуыйы
Ног хабӕртты лентӕ
0