Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын Уӕлахихизы боны цытӕн парадмӕ

© Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Иры ӕфсӕддонтӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын Уӕлахихизы боны цытӕн парадмӕ
Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын Уӕлахихизы боны цытӕн парадмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2021
Рафыссын
Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 76-ӕм афӕдзы боны цытӕн ӕфсӕддон парад ацӕудзӕн столицӕйы сӕйраг фӕзуатыл 9 майы

ЦХИНВАЛ, 21 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддонтӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын ӕфсӕддон парадмӕ, кӕцы нывонд у Стыр Фыдыбӕстон хӕсты уӕлахизы 76-ӕм афӕдзы бонӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны хъахъхъӕнынадон уагдоны пресс-службӕ.

Уӕлахизы парад ацӕудзӕн 9 майы Цхинвалы сӕйраг фӕзуатыл. Уым хайад райсдзысты 750 адӕймагӕй фылдӕр ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕйы 50 иуӕджы – Хъахъхъӕнынады министрад, МХМ, УУМ, ПӔК Арӕнгӕрон службӕ, Юстицийы министрад, Уӕрӕсейы Федерацийы 4-ӕм ӕфсӕддон базӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы Федералон ӕдасдзинады службӕйы Арӕнгӕрон хайады къордтӕ.

© Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Иры ӕфсӕддонтӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын Уӕлахихизы боны цытӕн парадмӕ
Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын Уӕлахихизы боны цытӕн парадмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2021
Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын Уӕлахихизы боны цытӕн парадмӕ
"Дӕлхайӕдты тренировкӕтӕ уагъд цӕуынц Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон горӕты плацыл. Ахуырты хайад исынц РХИ Хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ 4-ӕм Ӕфсӕддон базӕйы оркестр", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, Уӕлахизы парады генералон репетицитӕ ацӕудзысты 4-7 майы Цхинвалы Театралон фӕзуатыл ӕфсӕддон техникӕйы хайадистӕй.

© Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Иры ӕфсӕддонтӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын Уӕлахихизы боны цытӕн парадмӕ
Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын Уӕлахихизы боны цытӕн парадмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2021
Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын Уӕлахихизы боны цытӕн парадмӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0