Хуссар Иры не сбӕрӕг кодтой ног рынчынты коронавирусӕй – Югосетпотребнадзор

© Sputnik / Natalia Airiyan Коронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2021
Рафыссын
Бон раздӕр республикӕйы сбӕрӕг кодтой ӕртӕ фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй – пандемийы рӕстӕджы фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 3 296 адӕймаджы

ЦХИНВАЛ, 22 апр - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ не сбӕрӕг кодтой ног рынчынты COVID-19-ӕй, фехъусын кодта цыппӕрӕмы Хуссар Ирыстоны сӕйраг санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

"Коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл 111 иртӕстӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад", - загъта Коцты Марина.

Сӕйраг санитарон дохтыр бафтыдта, иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй кӕй систой аст адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 2957 онг. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 339 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 21 678 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 296 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0