Хуссар Иры Ӕмдзӕрины аразынц гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгтӕн мемориал

© Sputnik / Гурам КарсановЦъинагары трагеди
Цъинагары трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.04.2021
Рафыссын
Мемориал уыдзӕн цӕттӕ 28 апрельмӕ, уӕд хъӕуы ацӕудзысты мысӕн мадзӕлттӕ, кӕцытӕ уыдзысты нывонд гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгтӕн

ЦХИНВАЛ, 23 апр - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны Ӕмдзӕрины хъӕуы (Цъинагар) цалцӕг кӕнынц гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгтӕн мемориал, фехъусын кодта Sputnik Ленингоры районы Цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады (ЦКХ) хистӕры хӕдивӕг Чысиаты Ирбег.

"Хӕрзарӕзт цӕуы мемориалы фӕзуат, аразӕм асинтӕ. Объект бацӕттӕ кӕндзыстӕм 28 апрельмӕ, уӕд хъӕуы ацӕудзысты мысӕн мадзӕлттӕ", - загъта Чысиаты Ирбег.

1991 азы 28 апрелы хотыхджын гуырдзыстойнаг къорд бафӕлвардтой радавын фос Цъинагары сæрвæтæй. Хъӕуы нӕлгоймӕгтӕ ӕнӕ хӕцӕнгӕрзтӕй ацыдысты фыдгӕнджыты ныхмӕ. Хъӕуы хъӕбатыр цӕрджытӕ асырдтой фыдгӕнджыты, фӕлӕ гуырдзиӕгтӕ райдыдтой ӕхсын автоматтӕй. Райсгӕ цӕфтӕй бынаты амардысты авд нӕлгоймаджы – Хуыбылты Отар, Хуыбылты Зауыр, Дудайты Тенгиз, Мӕргъиты Отар, Бибылты Гиви, Хуыбылты Таймураз ӕмӕ Черткойты Славик.

Ӕрвылаз, 28 апрелы, республикӕйы къухдариуӕгад, районы администраци ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ ӕрӕмбырд вӕййынц мемориалон комплексы цур, цӕмӕй ссарой гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0