УУМ сапертӕ сӕнӕзианхъом кодтой рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ Знауыры районы

Рафыссын
Уӕлвӕткон министрады специалисттӕ сӕнӕзианхъом кодтой 63 ӕнӕспырхуӕвӕг рӕмудзӕн ӕрмӕджы республикӕйы Знауыры районы

ЦХИНВАЛ, 23 апр - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны уӕлвӕткон уавӕрты министрады сапертӕ цыппӕрӕмы ссардтой ӕнӕспырхуӕвӕг рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ Знауыры районы Хслиты хъӕумӕ хӕстӕг, фехъусын кодта Sputnik УУМ радгӕсоны ӕххуысгӕнӕг Хъодалаты Руслан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уагдоны специалисттӕ ссардтой ПГ-7 ӕртӕ гарзӕджы ӕмӕ ВОГ-25 60 гарзӕджы.

"Нӕ сапертӕ уыдон сӕнӕзианхъом кодтой ӕмӕ сӕ скуынӕг кодтой бынаты", - загъта Хъодалаты Руслан.

Уымӕй размӕ та УУМ кусджытӕ Цхинвалгӕрон ссардтой Стыр Фыдыбӕстон хӕсты дугӕй рӕмудзӕн ӕрмӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0