Арт-тыгъдад "Портал" сног кӕндзӕн сфӕлдыстадон фембӕлдтӕ Цхинвалы

© Sputnik / Natalia Airiyan Портал
Портал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.04.2021
Рафыссын
Фембӕлдтӕ уагъд цӕудзысты столицӕйы Ирӕтты уынгыл рӕсугъд рагон бӕстыхайы

ЦХИНВАЛ, 23 апр –​ Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Сфӕлдыстадон иугонд "Хуссар портал"-ы мадзӕлттӕ Цхинвалы сног кӕндзысты апрелы кӕрӕтты-майы радайӕны, разырдта Sputnik​ йӕ бындурӕвӕрджытӕй иу, Джиоты Къоста. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сфӕлдыстадон фембӕлдтӕ нӕ уагътой 2020 азы сентябрӕй фӕстӕмӕ – фыццаг "Портал"-ы куыст бахъыгдардта карантин, зымӕджы та бӕстыхайы уыд уазал.

Джиоты Къоста  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.09.2020
Æрвыл дыццæг Аивадон фæз "Портал"-ы дуæрттæ сты гом – Джиоты Къоста

Ныр, Ирыстоны куы фӕхъарм ис, уӕд фембӕлдтӕ гӕнӕн ис сног кӕнын. Ӕрдӕгпырх бӕстыхайы дыккаг уӕладзыг дӕр, кӕцы фӕсивӕд сӕхи къухтӕй цалцӕг кӕнынц, цӕттӕ у.

Фӕлӕ дарддӕры цалцӕггӕнӕн куыстытӕ ауадзынимӕ фӕзынд проблемӕтӕ, уымӕн ӕмӕ фӕсивӕд бахардз кодтой гранты фӕрӕзтӕ, кӕцы рамбылдтой фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты хаххыл. Хӕрзаудӕн концерт ӕмӕ сӕхи фӕрӕзтӕ дӕр фесты.

Джиоты Къоста банысан кодта, финансты фӕдыл фарст скъуыддзаг ӕрцӕудзӕн, "Портал"-ы фембӕлдтӕ куы сног кӕной, уӕд.

"Кӕнӕ ногӕй ӕрӕмбырд кӕндзыстӕм ӕхцатӕ, кӕнӕ та ногӕй ауадздзыстӕм хӕрзаудӕн концерт, кӕцыйы фӕрӕзтӕ ацӕудзысты бӕстыхайы дарддӕр цалцӕгӕн", - загъта уый.

Арт-тыгъдад "Портал"-ы хъуыды фӕзынд Дзӕуджыхъӕуы активон фӕсивӕды хсӕн. Ахӕм проект Хуссар Ирыстоны сорганизаци кӕныны хъӕппӕрис бахастой хуссарирыстойнаг активисттӕ: Гуыцмӕзты Инна, Джиоты Къоста, Дзигойты Карина ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0