Хуссар Иры боксертӕн райдыдтой тохтӕ ЦКФЗ ерысты

© Photo : Из архива тренера Р. КумаритоваХуссар Иры боксертӕ райдыдтой тохтӕ ЦКФЗ ерысты
Хуссар Иры боксертӕ райдыдтой тохтӕ ЦКФЗ ерысты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.04.2021
Рафыссын
Нӕ республикӕйы спортивон кад хъахъхъӕнынц ӕртӕ боксеры, ерысты фӕлгӕтты уыдон рамбылдтой дыууӕ тохы

ЦХИНВАЛ, 27 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Боксы скъолайы минӕвӕрттӕн райдыдтой тохтӕ Цӕгат Кавказы федералон зылды ерысты фӕлгӕтты. Дыууӕ лӕппуйы ныддӕрӕн кодтой сӕ ныхмӕлӕуджыты, иу дзы ӕмсӕр тохы фӕхӕрд ис, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта сӕ тренер Куымӕридтаты Родион.

"Санахъоты Андрей ӕмӕ Гуыцмӕзты Руслан рамбылдтой сӕ фыццаг тохтӕ, Гуыцмӕзты Тамерлан тынг хорз архайдта, фӕлӕ фӕхӕрд ис фӕлтӕрд боксерӕн. Ацы ерыстӕ сты ахсджиаг ӕмӕ дзы тох кӕны зонӕйы хуыздӕр боксертӕ",- загъта тренер.

Уый ма бафтыдта, финалон тохтӕ ацӕудзысты 30 апрелы.

"Фӕйнӕ дыууӕ тох ма сын уыдзӕн финалы агъоммӕ. Финалон тохтӕ нысан сты майрӕмбонмӕ",- бафтыдта уый.

Цӕгат Кавказы федералон зылды ерыстӕ цӕудзысты 30 апрельмӕ, ам фӕсивӕд ӕвзӕрст цӕуынц Уӕрӕсейы фыццагадмӕ.

© Photo : Из архива тренера Р. КумаритоваХуссар Иры боксертӕ райдыдтой тохтӕ ЦКФЗ ерысты
Хуссар Иры боксертӕ райдыдтой тохтӕ ЦКФЗ ерысты - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Хуссар Иры боксертӕ райдыдтой тохтӕ ЦКФЗ ерысты
© Photo : Из архива тренера Р. КумаритоваХуссар Иры боксертӕ райдыдтой тохтӕ ЦКФЗ ерысты
Хуссар Иры боксертӕ райдыдтой тохтӕ ЦКФЗ ерысты - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Хуссар Иры боксертӕ райдыдтой тохтӕ ЦКФЗ ерысты
1/2
Хуссар Иры боксертӕ райдыдтой тохтӕ ЦКФЗ ерысты
2/2
Хуссар Иры боксертӕ райдыдтой тохтӕ ЦКФЗ ерысты
Ног хабӕртты лентӕ
0