Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой МСНК службӕйон ерысты уӕлахиздзауты

© Пресс-служба МВД РЮОХуссар Иры схорзӕхджын кодтой МСНК службӕйон ерысты уӕлахиздзауты
Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой МСНК службӕйон ерысты уӕлахиздзауты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2021
Рафыссын
Кубок ацы аз рамбылдтой фыццаг оперативон ротӕйы кусджыты, кӕцытӕ ссисты иууыл хуыздӕр фондз дисциплинӕйы

ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. Цхинвалы схорзӕхджын кодтой Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) службӕйон ерысты уӕлахиздзауты, хъусын кӕны барадхъахъхъӕнӕг органы пресс-службӕ.

Хуссар Иры МСНК марш-бросокы сбӕрӕг кодта иууыл тыхджындӕртӕ ӕмӕ фӕразондӕрты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.03.2021
Хуссар Иры МСНК марш-бросокы сбӕрӕг кодта иууыл тыхджындӕртӕ ӕмӕ фӕразондӕрты

Республикӕйы МСНК сӕвзӕрды 29-ӕм афӕдзы боны цытӕн ерысты алыгъуызон этаптыл сӕрмагонд къорды кусджытӕ равдыстой сӕ курдиат фондз диспциплинӕйӕ – автомат ӕмӕ пистолетӕй ӕхсын, штангӕ исын, марш-бросок, уӕладзӕныл хи исын ӕмӕ ӕмбуар хӕст.

"Ерысты профессионализмы ӕмвӕзад уыд бӕрзонд, хайадисджытӕ равдыстой иттӕг хорз хӕстон ӕмӕ физикон цӕттӕдзинад. Кубок ацы аз рамбылдтой фыццаг оперативон ротӕйы кусджыты, кӕцытӕ ссисты иууыл хуыздӕр", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, командон ӕмӕ сӕрмагонд номхыгъды уӕлахиздзауты схорзӕхджын кодтой кубоктӕй, призтӕй, грамотатӕй ӕмӕ майдантӕй.

Службӕйон ерыстӕ ӕрвылаз уагъд цӕуынц МСНК дӕлхайӕдты хсӕн, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной иууыл тыхджындӕр кусджыты.

Ног хабӕртты лентӕ
0